Дигоронау дзоретæ.
Гетойти Виктор.Дзæгъæлдзорæ кæнæн, дзæгъæлдзорæ!
Æрдавгæ нæмæ нæй игъосæг,
Дигорон дзурд не ’гъос æн Дигори,
Раст цума фæккиудтан нæ гъосæй.
Ма бахæтæ дæхе дæ кæстæрмæ,
(Æндæр æй уонæн сæ дуйне).
Дигоронау дзорун си æ сæрмæ
На хæссуй фулдæремæй неке.
Цъинкк кæнунмæ лимæни бæдолæ,
Хаткæгау ци ба нæ зæгъдзæй,
Дигоронау ба йима ма ‘сдзорæ
Сæццæ кæсæ дæмæ никкæндзæй.
Фæммæлуй, оххай-гъе, нæ заманай
Змддангмурæ дигорон æвзаг.
Ас- Дигор, О, Хуцау, æвæстаг.
Дзæгъæлдзорæ кæнун, дзæгъæлдзорæ,-
Æнæмæлгæй, Дигорæ, де ‘взаг.
Дигоронау дзоретæ, Дигорæ,
Ма уотæ уе ‘взагæн е’знаг.
