Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Ӕнсувӕрти цард. Дзагурти Дигорхан.

Ӕнсувӕрти цард. Дзагурти Дигорхан.

Ӕнсувӕрти цард. Дзагурти Дигорхан.

Ӕнсувӕрти цард.


Кӕрӕдзебӕл ку нӕ хуӕцӕн,
Ку нӕ кӕнӕн нӕ цӕра,
Зинмӕ усхъӕ ку нӕ дарӕн,
Цийнӕн арфӕ ку нӕ уа,
Ке гъӕунцӕ нӕ циййестӕ,
Лӕкъун цӕстӕй кӕд кӕсӕн,
Нӕ "бон хуарзӕн" гъун ку зонӕн,-
Къӕндзӕстугӕй евгъуйӕн.
Нӕ зӕрдити итигъд дуӕрдтӕй
Базуртау ку рӕуигъӕн,-
Фидбилизти егъау зӕнхӕн
Комидзаккаг нӕй исуӕн!
Уозӕлагӕ лимӕн армӕй
Дӕ уодбӕл дин ку хуӕцон,
Кӕци рунӕн, кӕци уадӕн
Фидбилийзаг уӕд исуӕн?
Кӕрӕдзебӕл хуӕцун гъӕуй,
Уоди рӕмӕн фӕлдесун,
Мӕ цийнӕй дин цийнӕ тӕтун,
Дӕ зинӕй дин зин есун!
Хуарз ӕмбӕлттӕн,ӕнсувӕртӕн -
Хецӕн изӕд сӕ тобӕн,
Уасхой зӕнхӕй хуӕрзгин уотӕ,
Ӕ рохс уӕбӕл федауӕд!

Дзагурти Дигорхан
20.07.2023

Возврат к списку