КЪИБИРТИ Амурхан
ДИГИС
Фӕстугъд еу уалдзигон бони Дигис цудӕй стантӕй хонхмӕ. Дууӕ мӕйи сӕхемӕ нӕма адтӕй, нӕ ’й евдалдӕй колхози куститёй. Нур ӕхе бригадирӕй еу къуар бони ракурдта, зӕгъгӕ, бакӕсон нӕ хӕдзарӕмӕ. «Хумтӕ дӕр ӕнӕ койгондӕй ниууагътон, нӕ фонс дӕр айфонмӕ ци уавӕри ӕнцӕ, магъа. Биццеути фӕййаразон», — уотӕ гъуди кодта.
Хор дзӕвгарӕ исцудӕй арвбӕл, уотӕ исхъӕрттӕй Чиколай гъӕуисӕрмӕ. Тӕккӕ нартихуар ӕхсӕдӕнти рӕстӕг адтӕй, будуртӕй игъустӕй косӕг адӕни удзӕл. Дигиси зӕрдӕ барохс ӕй: тугъд фӕцӕй, ӕма ӕгайтима адӕн сӕ царди гъуддаг аразунбӕл ӕрцӕнцӕ. Ӕ цуди кой кӕнуй, уинуй ӕхсӕдгути хецӕн къуӕрттӕ.
Уӕлдӕр, надмӕ хӕстӕг, зиннуй еу къуар тумугъ бадгӕнгӕ. Ӕвӕдзи, сӕ хӕрси кӕрони ӕруолӕфтӕнцӕ. Етӕ дӕр ӕй дӕлӕмӕ уинунцӕ: исцӕуй бӕлццон, ӕ хӕрӕг ӕ разӕй бакӕнгӕй. Рӕстӕмбес кари лӕг. Ӕ уӕле гӕлифе хӕлаф, ӕ цулухътӕ — фӕндургондӕй. Кӕрдӕгхуз хӕдонӕ дӕлӕмӕ уагъд, ӕвзестӕй фӕлуст ронӕй ӕлваст. Сӕнтуорс буйнаг ходӕ йбӕл. Цӕуй ӕфснайд, федауцӕ нӕлгоймаг. Ӕ рагъи гъесин фӕндур, некӕд ибӕл устурзӕрдӕ кӕнуй. И фӕндури бӕттӕнбӕл аллихузон лентъитӕ баст. Цӕугӕй пӕр-пӕр кӕнунцӕ. Е ин ци ӕхцӕуӕн фӕууй. Ӕнӕзонгӕмӕ ӕнахур, къленц адӕймаг фӕккӕсдзӕнӕй. Ӕ къох уазал дони дӕр ка некӕд батулдта, устур маст ка некӕд фӕууидта.
Ӕцӕгӕй ба алцӕмӕйдӕр «ӕфсес» ӕй. Тугъдон лӕг: ӕ бауӕр еугур ностӕ ӕма гъӕдгинтӕ. Фал уӕддӕр исервазтӕй ӕверхъау содзгӕ артӕй, Хуцауӕй боз. Мадта уодуолӕфт дӕр н’ адтӕй. Фал еугӕрон итигъд зӕрдӕ, ӕнӕ соцъа, ӕносидӕр идзулдхуз. Нур ӕцӕгӕй ӕ зӕрди медӕгӕ циййес, е ба неке гъӕуй. «Алкедӕр ӕхе незтӕй гъӕрзуй», — фӕззӕгъуй Дигис.
Мӕнӕ исхъӕрттӕй еци косгути къуармӕ. Фестадӕнцӕ ин. Е дӕр син райарфӕ кодта.
Уӕд имӕ се ’хсӕнӕй еу силгоймаг радзурдта:
— Йа, хуарз бӕлццон! Исаккаг кӕнӕ ӕма нӕмӕ ӕрбаздӕхӕ. Уинӕн, де ’ккой фӕндур ес. Нӕ зӕрдити рист нин фӕддӕр иронх кӕнун кӕнӕ. Корӕн ди, банимайӕ нӕ!
Дигис ниссагъӕси ‘й. Ӕ сӕр банкъуста ӕма сӕмӕ баздахтӕй. Хӕрӕг бӕласи зӕнгӕбӕл бацӕг кодта. Се ‘хсӕн ӕрбадтӕй ӕндзӕр, минкъий ма, уӕдта фӕндур ниуунӕргътӕй, никкудтӕй. Ӕ азӕлд арви бауӕри рацудӕй, рахӕн зӕнхӕ дӕр нийгъуста.
Дигис «гъарӕнгӕгӕнӕг уосӕ» фестадӕй. Ӕма, куд фӕууй, уотӕ: уоститӕ нийгъосионцӕ, уӕдта ӕмхузӕнӕй ни «уха-ха» кӕниуонцӕ. Ӕнойдӕр сӕмӕ сӕумӕй ардӕмӕ кӕун цудӕй, ӕма дин — гъа! Гъесин фӕндури кӕунмӕ кудтӕй Дигис дӕр. Ӕ цӕститисуг рӕдагъдӕй. Кудтӕнцӕ седзӕргӕс, саударӕг уоститӕ, кудтӕнцӕ мӕтъӕлдзаст сабий-сувӕллӕнттӕ, кудтӕнцӕ фалдзостӕ.
Сӕ кӕунгъӕр райгъустӕй еугур ӕхсӕдгутӕмӕ дӕр. Ӕма ниггур- гур кодтонцӕ уонирдӕмӕ. Кӕд, зӕгъгӕ, ескӕбӕл минӕ фехалдӕй. Уотемӕй еугур бригадӕ дӕр ами ӕрбатумугъ ӕй. Ӕма син еумӕ кӕун баеудагъ ӕй.
Уӕд хумӕн е ‘ндаг кӕронӕй цъӕх бӕхбӕл кадӕр фӕдесонау ӕрбадогъ кӕнуй. Ба’й зудтонцӕ, — сӕ бригадир Барисбий.
Дигис ӕ сӕр исӕргъувта, фӕндур ӕруодӕнстӕй. Адӕн дӕр ӕргъос ӕнцӕ.
Ӕллӕх, ӕллӕх, нуртӕккӕ цитӕ дзордзӕнӕй и ӕнахъӕл лӕг. Гъуддагӕн нецима балӕдӕргӕй, Барисбий ниффӕдес кодта:
— Ци хабар ӕй е? Адӕни уод зӕнхӕбӕл ӕфтуд ку ӕй, уӕд сумах ба!.. Аци лӕг ба кӕцӕй февзурдӕй, циуавӕр сайтани хай ӕй?
Неке неци дзорун фӕразуй. Уӕд бабӕй се ’хсӕнӕй рацудӕй еци уосӕ, ӕ ном — Зулехан ӕма дзоруй Барисбиймӕ:
— Ба мин хатир кӕнӕ, мӕ хестӕр теу. Цъухихӕлдӕй дӕмӕ некӕд исдзурдтон. Зонис ӕй, мах звеной иуӕнгтӕ рӕфтӕмӕ нӕ фӕххуссунцӕ. Нур ба нӕ хӕрси кӕрони фӕллади бадт бакодтан. Уӕдмӕ ба аци фӕндаггон нӕ размӕ исхъӕрттӕй. Ӕ рагъи — ӕ фӕндур. Еугурей номӕй имӕ ӕз, лигъстӕгӕнӕгау, бадзурдтон: «Ӕрба нӕмӕ ӕздӕхӕ, зӕрдрист адӕн ан, ба нӕ идзулун кӕнӕ. Ӕма гъенур, цалинмӕ нӕ зӕрди туппуртӕ исуадзӕн, уӕдмӕ еунӕг дӕр ӕ бунатӕй нӕ фенкъусдзӕнӕй! Аци лӕги ду сайтани хай хонӕ, махӕн ба изӕди хай ӕй. Дзӕгъӕли ӕй ма ‘фхуӕрӕ. Е дӕр дӕу хузон тугъдон ӕй, косӕг лӕг, — ӕма Дигисӕн загъта: — Ра ма нин цӕгъдӕ, ра, нӕ хуарз иуазӕг, корӕн ди».
— Гъо, гъенур ба нӕ фӕндур баефтиндзӕн ӕндӕр хузи. Кӕун ка кӕнуй, е идзулун дӕр бакӕндзӕнӕй. — Нийгъустонцӕ адӕн. Гъесин фӕндури листӕг хъури хӕтӕлӕй ниррӕдзӕхсӕн ӕнцӕ игъӕлдзӕг зӕлтӕ. Уотӕ дӕсни цагъта, ӕма уайтагъд адӕн зилдӕг ралӕудтӕнцӕ. Цъӕх зӕлдӕбӕл син кафун раеудагъ ӕй. Хӕббол хаудтӕнцӕ, кафт циренгӕнгӕ цудӕй.
Уӕд Зулехан кӕмидӕр гъӕдихъуӕл раирдта, ӕ дӕллаггури буни ’й ракодта. Ни йбӕл хуӕстӕй, ӕма си цъизи музи кодта, цума лӕг адтӕй, уотӕ. Ӕвзиста ӕ разӕй и кафӕг силгоймӕгтӕмӕ.
Адӕн ихӕлӕнтӕ кодтонцӕ фурходӕгӕй. Фӕстугъд уотӕ фиццаг хатт байдзулдӕнцӕ. О, Хуцау, ба сӕбӕл федауӕд!
Барисбий ба сӕмӕ уӕдӕй-уӕдмӕ уӕлбӕхӕй ӕдзинӕг кастӕй. Цӕветтон, цавддор фестадӕй, уотӕ: нӕдӕр ести дзурдта, нӕдӕр ӕ бунатӕй ӕнкъустӕй.
Фӕндур дӕр ӕма фӕндурдзӕгъдӕг дӕр ниффӕлладӕнцӕ, ӕргъос ӕнцӕ…
Дигис рараст ӕй ӕ фӕндагбӕл. Сӕдӕ къохи ӕй, хӕрдмӕ ӕргъувдӕй, фӕндараст кодтонцӕ, цалинмӕ нади фӕззелӕни нӕ фӕййаууон ӕй, уӕдмӕ.
ӔНАХУР МАРГЪ
(аргъауи хузи)
Гъӕди павзи ӕнӕбун цадӕмӕ ӕнахур маргъ байахур ӕй. Ӕртӕхидӕ сӕумӕ, хорискасти. Цади сӕрти, ӕ базуртӕй ӕрдзӕф гӕнгӕ, ниллӕгути ӕртӕ зилди ӕркӕнидӕ. Уӕдта байаууон уидӕ билгӕрон бӕрзонд пихси. Уоми ӕ конд, ӕ уиндӕн ӕмбал кӕмӕн н ’адтай, уӕхӕн кизгӕ фестидӕ. Дӕргъӕлвӕс, мети хъӕпӕнау гурӕ разиннидӕ. Сергӕ рацӕуидӕ мадиард бӕгънӕгӕй, ӕ дессӕгутӕ залми сифтӕй бамбӕрзгӕй. Еци ӕрвон фӕлдесонд уингӕй, тар гъӕдӕ бандзуг уидӕ. Сӕумон зармондаг мӕргътӕ ӕруодӕнсиуонцӕ. Е ба ӕфсӕрмдзастӕй нирраст уидӕ донгонмӕ. Ӕ сӕнтуорс фӕсонтӕбӕл зӕринхалӕ даргъ дзиккотӕ ниррӕдзӕхсӕн уиуонцӕ.
Цади билӕбӕл сурх ӕзменси ӕхе дзӕбӕх исӕвдолидӕ. Уӕдта, кӕсалгау, ницъцъуррут кӕнидӕ сӕрмесиндзӕгмӕ и дони. Ба ин еудагъ уидӕ нихъолӕнгӕтти гъазт. Уой федауцӕ иуӕнгти змӕлд, уой дӕсни накӕ фӕууинун гъудӕй. Кӕсунӕй имӕ ка бауӕгӕ ад- тайдӕ!
Хорӕй ма лӕдзӕгбӕрцӕ ку байзаидӕ, уӕд рацӕуидӕ донӕй. Байаууон уидӕ пихси. Ӕма бабӕй маргъи сорӕт райсидӕ. Ӕ фӕ-тӕн базуртӕй уӕзбун ӕрдзӕф кӕнгӕй, исевгъуидӕ арви цъӕхи ӕма бацидӕр уидӕ.
Нур цади иннӕ фарси ба арф хъӕзи аци маргъмӕ арӕсӕни бадтӕй ӕвзонг цауӕйнон. Ӕ хабар ин аригъосгӕй, ӕхецӕн ниннет кодта: а маргъи мин ӕнӕ базиангӕнгӕ нӕййес, зӕгъгӕ. Фал ӕй уингӕ ба нӕма фӕккодта.
Ӕма ’й мӕнӕ еу сӕумӕ фӕууидта. Е ’ртахти арв батар ӕй, уаддумгӕ растадӕй. Ӕносиккон гъӕдӕ бундзарӕй низмалдӕй. Ӕнцойнӕ цадӕ уӕлиау исцӕхъалтӕ ’й. Бӕрзонд хъӕзӕ зӕнхӕн ниллӕг кувта. Гъе уоййасӕ адтӕй маргъ.
И лӕхъуӕн ракуддӕр ӕй. Тас ка нӕ зудта, цъеуи цӕстӕ дӕр ка нӕ евгъудта, уой арми нецибал бафтудӕй. Нӕ ймӕ исӕргъувта ӕ нивӕфтудтӕ рӕстдзӕвийнӕ сагъиндахъ. Маргъи ӕнӕкӕрон рӕсугъддзийнадӕ ин сугъзӕрийнӕ тӕлитӕй ӕ уод бабаста.
Дес кодта, фал дессӕгтӕ фӕстӕдӕр адтӕнцӕ. Пихсаууонӕй маргъ кизги хузи ку рацудӕй, уӕд. Ӕ бауӕри рагъазтонцӕ ӕнахур тухтӕ. Нури уӕнгӕ лӕдӕргӕ дӕр ке нӕ кодта. Цума бурдӕн ӕ реуи исистадӕй. Гулфгӕнгӕ гъудитӕ низзелдох кодтонцӕ ӕ сӕри магъзи. Ӕ цӕститӕбӕл рагъазиуонцӕ амӕй-а ӕнахурдӕр нивтӕ. Уӕд ӕй ӕзнӕт уолӕнтӕ сӕхе бакӕниуонцӕ. Уӕдта ’й, соги листау, изолмӕ фехсиуонцӕ. Гъазтонцӕ си цӕхъалтӕ зӕрдидзӕбӕхӕн, нихъулдтонцӕ ’й. И дони кизгӕ ба ймӕ, ергъӕв кӕнунмӕ, ӕ къох бадаргъ кӕнидӕ. Фал имӕ нӕ баххӕссидӕ.^
Еци ӕнкъарӕни тухӕ бонӕй бонмӕ ӕндагъддӕр кодта. Бӕргӕ’й лӕдӕрдтӕй: гъӕуй ӕй рацӕун и хъӕзи арфӕй ӕма ниффӕдес кӕнун ӕ зӕрди уайтӕ. Ӕндӕра зӕрддзӕф фӕууодзӕнӕй. Фал уой гъон нӕ бацӕй.
Еубон бабӕй маргъ ӕртахтӕй. Пихси байаууон ӕй. Фал ӕндӕмӕ ба нӕ зиннуй ӕма нӕ зиннуй. Лӕхъуӕнбӕл катай бафтудӕй.
Уӕдмӕ райазӕлдӕй ӕнӕхур цъӕхснаг хъурихат:
— Ӕ, уӕртӕ арф хъамили бадӕг нецигъон цауӕйнон. Ӕз дин уордӕмӕ дӕр хъӕбӕр дзӕбӕх уинун дӕ алли фезмӕлд дӕр. Дӕ зӕрди уӕззау дзӕхст дӕр дин игъосун. Уинун дӕ, дӕ уоди ка- таййӕн нӕбал дӕ. Фал циуавӕр адтӕ. Уойбӕрцӕ рӕстӕг дӕмӕ ӕхстбӕрцӕмӕ фӕццудтӕн. Дӕ дессаги сагъиндахъ исӕргъувун мӕмӕ куд нӕ бафӕразтай! Нур ба рацо дӕ римӕхсӕнӕй. Хуцау нӕ кӕрӕдземӕн исаккаг кодта. Рацо, нӕ сосӕггаг римӕхстаг нӕбал ӕй. Хӕстӕгмӕ дин дӕ рохс цӕсгоммӕ бакӕсон. Ӕз дӕ мӕ ӕрвон айдӕнӕй раги фӕууидтон. Раги мӕ басастай. Арви кӕронӕй дӕумӕ ӕртӕхун, ӕндӕра мин ами ци байзадӕй? Разиннӕ, фӕццӕун дӕмӕ!
Бӕзгин пихсӕ рахӕлеу ӕй. Изӕди къалеуи хузӕн кизгӕ си разиндтӕй. Аргъауӕни цирагъау нарӕг, ӕлвӕст гурӕ арӕхсгай цӕуй. Салин дзабуртӕ уотид нидзӕвӕгау кӕнунцӕ зӕлди цъӕх горцъебӕл. Рӕуӕг уоддзӕфмӕ базир-зир кӕнунцӕ ӕ пъолций кӕрӕнттӕ. Цӕветтон, се ’змӕлдӕй сӕдмурон дзӕнгӕргутӕ ний -йазӕлунцӕ.
Хъӕзбунӕй исзиндтӕй гурведауцӕ ирддзаст лӕхъуӕн. Е нур фӕннифсгун ӕй ӕма рараст ӕй е ’рдӕмӕ. Е ’уӕнгтӕ ӕ бауӕри гъазтонцӕ. Ӕ идзулгӕ цӕсгонбӕл хори тунтӕ кафтонцӕ. Цӕунцӕ уӕзданӕй кӕрӕдземӕ. Се ’змӕлдмӕ гӕсгӕ и цадӕ дӕр, цума, зе- лӕгау кӕнуй. Ӕрвӕрттивдау фӕцӕй сӕ фендзаст. Тухсӕн кӕнунцӕ кӕрӕдзей кӕрзуолӕфтӕй. Сӕ сӕртӕ кинау зелунцӕ фурадӕргӕй.^
Мӕнӕ гъенур, ба йбӕл нидзӕвон, зӕгъгӕ, лӕхъуӕн ӕ тухгин къохтӕ куд исӕргъувта, уотӕ и кизгӕ маргъ фестадӕй. Ниппӕр- пӕр кодта. Арви итигъдадӕмӕ истахтӕй... Ӕрмӕст ма ӕ базурӕй сугъзӕрийнӕ сес лӕхъуӕни къохи райзадӕй.
Кизгӕ маргъ имӕ хъурмӕгӕнгӕй ӕрдзурдта:
— Атт, уӕууӕй, дзӕбӕх мӕмӕ цӕмӕннӕ фӕллӕбурдтай! Дӕу ку адтӕн. Цӕмӕн мӕ рауагътай? Ӕнгъӕлдӕн, дӕ зӕнги хъанз нӕма банхӕст ӕй…^ Арвбӕл мӕ иннӕ зилд дӕр абӕлти уодзӕнӕй. Уӕдмӕ, кӕд дӕ байраг дӕр бафсоргъ уайдӕ.^
— Ёнгъёлгёсгёй и лёхъуёнбёл мет ниууардта…
ФӔСТАГ САГ
Зӕронд цауӕйнон кастӕй ӕ кӕсӕнтӕй хуӕнхсӕртӕмӕ, дӕлвӕзтӕмӕ. Ӕма ниддеси ӕй, дзоруй ӕ кӕстӕрмӕ: «Уартӕ Ирӕфуордӕг къахнадбӕл саг еци уӕзданӕй фӕццӕуй Уазай хонхӕрдӕмӕ. Кӕцӕй ма разиндтӕй!..
Мӕнӕн уӕргутӕ нӕбал ес рацӕунмӕ, фал ӕй ду ба ма рауадзӕ».
Еу тауӕрӕхъӕй
Мадтӕл саг изӕрӕй изӕрмӕ астӕуарти фарсмӕ ӕ фазӕ ӕруа- дзидӕ, — мухуйрон бадт ӕркӕнидӕ. Зилдӕгӕй ибӕл ӕ берӕ кӕс- тӕртӕ ӕрбатумугъ уиуонцӕ. Сӕ астӕуи цӕхӕр зинги тавстӕй сӕ цӕсгӕмттӕ фӕццӕрдхуздӕр уиуонцӕ.
Ӕмбурдӕй ин ниллихстӕ кӕниуонцӕ: «Гъӕйдӕ, ести тауӕ- рӕхъ бабӕй нин ракӕнӕ». Зундгин саг, берӕ ка ӕрцардӕй ӕма ӕнахур дессӕгтӕ ка фӕууидта, е дзорунмӕ куд не ’сарӕхстайдӕ. Сӕ загъдмӕ ӕ цӕсгон фӕттар уидӕ, ӕдзинӕг фӕккӕсидӕ артмӕ, зингити тайунмӕ. Уӕдта дӕргънивӕндӕй райдаидӕ ӕ тауӕрӕхъ.
Ни ’ймӕ игъосиуонцӕ, — еу ӕстуф нӕбал цӕуидӕ. Ӕрмӕст ма ефстагмӕ артӕй содзгӕ ӕхседарфи къӕрцц фӕццӕуидӕ.
Берӕ тауӕрӕхътӕ гъуди кодта. Сӕгти ахил сӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ кӕрӕдземӕн дзоргӕ цудӕнцӕ. Мадтӕл сагӕн еу тауӕ-рӕхъ уӕлдай хъазардӕр адтӕй ӕма уомӕй райдаидӕ:
— Кӕддӕр, дан, Дигори хонхбӕстӕмӕ еу зайуйнаг саг бафту -дӕй. Хуцау ӕй Уазай хонхи бунмӕ бараст кодта. Уоми ӕхецӕн ӕдас рауӕн иссердта.
Куд нӕ ’й ӕрӕстӕфтайуонцӕ циргъдзаст цауӕйнонтӕ, фал син курхонтӕй фӕдзӕхст ӕрцудӕй: «Аци табуйаг искондӕй ӕрдо дӕр куд нӕ фӕгъгъӕуа». Уотемӕй анзгай, фулдӕргӕнгӕ цудӕй сӕгти муггаг.
Ӕма цӕмӕннӕ. Кӕд ӕма син Уазай дӕлвӕзи сӕрдӕндӕргъцӕ заманай бӕзгин хезнитӕ адтӕй. Зумӕги дӕр фӕсалӕ фагӕ ирд -тонцӕ. Сӕ ниуазуйнаг — рӕсог зургӕ сауӕдӕнттӕй. Сатӕг ахъуз- тӕ сӕбӕл уозӕлдӕнцӕ. Маргъ сӕ ӕ зартӕй рӕвдудта. Сӕйрагдӕр ба — неке сӕ гъигӕ дардта.
Нибберӕ ’й сӕгти муггаг. Исӕрмахур ӕнцӕ. Адӕни фонси хӕццӕ хӕлар, хӕлӕмулӕй цардӕнцӕ. Гъӕумӕ цудӕнцӕ, ӕфсинт-тӕмӕ ӕрурдуг уиуонцӕ, ӕрдоцетӕ нӕ, зӕгъгӕ. Ӕма сӕ дугътонцӕ. Уадзӕн, саги ӕхсир загъдӕуй. Налатдӕр биццеутӕ ба сӕхуӕдтӕ уадӕнцӕ хезнитӕмӕ ӕма сӕгти фӕдгутӕ дадтонцӕ мади дзедзе дӕйӕгау. Саг сӕмӕ ӕ къах не ’ргъувта.
Биццеутӕ сӕбӕл фӕббадиуонцӕ. Сӕ фӕтӕн сикъатӕбӕл син ниххуӕциуонцӕ ӕма хуӕнхсӕртти кӕмити нӕ равзуриуонцӕ...
Мадта асӕ лӕгтӕ ба бунтондӕр сӕгти ӕрдӕмӕ рахӕттӕнцӕ. Ефтигътонцӕ сӕ, саргъ сӕбӕл ӕвардтонцӕ. Имонау киндзитӕ сӕбӕл хастонцӕ. Ӕппунвӕстаг ба устурдӕр кадӕн сӕ изӕди хаййӕн дӕр уонӕй иснивонд кӕниуонцӕ. Ӕма си ке халӕ исхауидӕ, еци саг ӕй ӕхецӕн устур кадӕбӕл нимадта. Кувди бони сӕрустурӕй ӕхе къахӕй ӕрцӕуидӕ адӕни тумугъмӕ.
Гъо, ардӕмӕ сӕгти ӕрбафтуд устур хуарзӕнхӕн фӕцӕй. Фал ӕносмӕ дзӕнӕфтуд цард кӕми фӕууй. Рантӕстӕй еу ибилис игурд. Еци еугур уӕздан адӕн ӕй бадӕмун нӕ бафӕразтонцӕ. Е цӕгъдун райдӕдта сугъдӕгтог сӕгти. Уотемӕй сабурцардгӕнӕг сикъагунти ӕргъавта тогуарӕн.
Исӕвди къахбӕл ниллӕудтӕнцӕ. Ка ма си раервазтӕй, еци ӕзнӕм ӕхсӕвигон рахизтӕнцӕ Тӕторси бӕрзӕндтӕбӕл ӕма мӕнӕ ами ӕрцардӕнцӕ...
Ӕ тауӕрӕхъ фӕууӕни мадтӕл сагӕн ӕ цӕстисугтӕ ӕргӕр-гӕр кӕниуонцӕ фурхъурмӕй ӕма ма уотӕ бакӕнидӕ: «Тӕходуйтӕ, мӕ къӕхтӕ ма мӕ ку бафӕразиуонцӕ еци бӕстӕмӕ, уӕд имӕ уӕддӕр мӕ харӕ фӕххӕссинӕ. Уогӕ си некӕд адтӕн, фал ӕй, дессагӕн, цӕргӕбонти мӕ фуни уидтон».
Еугуремӕй хъӕбӕрдӕр и тауӕрӕхъ банкъаридӕ донхуз, сау ӕстъӕлфитӕ саг. Аци хатт дӕр бабӕй уотӕ. Ӕма нур ба раистадӕй арти фарсӕй, ӕ сӕр уӕлиау ниргъувта, уотемӕй карзӕй загъта: «Мӕ рамӕлӕт ме ’нгъуд — ӕз нӕ рагон Мадтӕли ку нӕ бафӕн- зон!..»
Базайуйнаг ӕй сау ӕстъӕлфитӕ саг. Рӕстӕг цудӕй.
Еу сӕрдигон сӕумӕ нирраст ӕй ӕ бӕллеццаг фӕндагбӕл. Ка ймӕ хицӕ кодта, ка ба — тӕрегъӕд. Къӕдзал- мудзултӕ рагон иронхуати къахнад имонау бӕлццони тергадигӕнгӕ худта. Ӕндиуд саг хӕстӕгӕй хӕстӕгдӕр кодта ӕ нисанмӕ. Ӕма еу сӕумӕ ракастӕй Тӕторси бӕрзондӕй. Ци тӕмӕссаг нивтӕ уидта аллирдигӕй! Идарддӕр евгъудӕй Ирӕфуордгути къахнадбӕл. Уазай дӕлфӕзи комиуадӕ ймӕ хъӕртун байдӕдта; игуӕрдӕни деденгути тӕф е ’смотӕнтӕбӕл ӕрбагъазта. Фурӕхцӕуӕнӕй ӕ сӕр бӕрзонд ниргъувта, уотемӕй цудӕй, цудӕй...
Еци рӕстӕги ба зӕронд цауӕйнон ӕ идардмӕуинӕг кӕсӕнтӕй ниууидта, агъазиау саг Ирӕфуордгутӕ Уазай хонхи бунмӕ куд евгъудӕй, уой. Ӕхебӕл дӕр нӕ баууӕндтӕй. Ниддеси ӕй, кӕцӕй ма разиндтӕй, зӕгъгӕ. Дзоруй ӕ кӕстӕрмӕ: «Атт, уӕууӕй! Мӕ- нӕн рацӕунмӕ уӕргутӕ нӕбал ес, фал ӕй ду ба ма рауадзӕ!..»
Ӕ фӕдбӕл бафтудӕй ӕригон цауӕйнон. Ӕхстбӕрцӕмӕ ’й бай- йафта ӕма ин фат ӕ суйни тъӕпӕни фӕккодта. Къӕхӕни асӕ саг радӕргъӕмӕ ’й. Ӕ сиутӕ — багалӕги фӕтӕнӕн.
Хӕрдмӕ ма ӕ сӕр уӕззаугомау раргъувта ӕма ӕ бастъалӕгмӕ уайдзӕфгӕнӕгау бауозгалдта. Никки дессагдӕр ба — ракъӕртт ӕй кодта ӕма ймӕ ӕ хурфӕй цӕттӕ бӕдолӕ зӕрдхъурмӕй бауаста...
МАМАЗ
Фӕстугъд, ӕстонг анзи фӕсте, колхози будурти адӕмӕн дес -саги тиллӕг ӕрзадӕй. Ниггӕнӕнтӕ ин нӕбал адтӕй. Донгони ку- рӕнттӕ ӕхсӕвӕй бонӕй пӕр- пӕрӕй зилдӕнцӕ. Адӕн базӕрдрохс ӕнцӕ, ӕстонги таси уотӕ нӕбал адтӕнцӕ. Фал ма нерӕнгӕ хӕдза-ри ӕфсинттӕ идзаг армӕй рафингӕ кӕнунбӕл биз -биз кодтонцӕ.
Зилдӕнцӕ курӕнттӕ. Инсуни радӕ кӕмӕ ӕрхъӕртидӕ, е цийнӕ кодта. Мӕнӕн ба мӕ еминӕ адтӕй куройнӕмӕ цӕун. Еуемӕй имӕ ӕхсӕвӕ ӕнафӕнтти цӕугӕ уидӕ. Уоми ба, уӕд зад лӕхорун гъӕуидӕ, кенӕ ба инсуйнаг ӕ кӕхцӕмӕ ӕрхъӕртидӕ. Ӕма уой ӕринсун хезӕ, тиф-тиф кӕнӕ уазалӕй. Бустӕги ба, — ци ’й ри- мӕхсон, ӕхсӕвӕ ӕндӕмӕ цӕун не ’ндеуинӕ...
Мӕ мадӕ мин зудта мӕ уавӕр. Ӕма мин рагацау лигъстӕ кӕ -нун райдаидӕ:
— Ду мӕ дзӕбӕх биццеу дӕ. Мӕнӕуи зад ку ӕрлӕхорӕн, уӕд задунтӕ кӕндзӕнӕн. Сулуй бунтӕ дӕр еунӕг дӕуӕн дӕтдзӕнӕн. Мӕнӕ ку расӕрдӕ уа, уӕдта дӕ горӕтмӕ хондзӕнӕн... Ду нур лӕг дӕ, ӕвдӕймаг анз дӕбӕл цӕуй. Зонис, берӕгъ дӕр нӕлӕстӕги
тӕфӕй тӕрсуй, улинкъи асӕ ку уа, уӕддӕр. Кизгуттӕ ба ци ӕнцӕ, еске хуми фагустӕ. — Алли хатт дӕр ӕ еци еухузи зӕрдӕлхӕнӕн дзубандитӕ. Фал мӕ куройнӕмӕ цӕунмӕ не ’сразӕнгард кӕниуонцӕ, уӕдта нӕ фендиуддӕр уинӕ.
Еци анз къӕс къӕсгӕнгӕ зумӕг никкодта. Адӕн хъӕбӕр тухс-тӕнцӕ уазалӕй. Берӕгътӕ ба бустӕги тӕссаг иссӕнцӕ. Куддӕр райзӕрмелтӕ уидӕ, уотӕ гъӕубӕл ӕртеголӕ уиуонцӕ. Ӕма зӕрд- хъурмӕй ӕхсӕвӕ бонмӕ арвмӕ дзиназтонцӕ. Сӕ неунӕй не ’нца- дӕнцӕ. Уомӕй ба фиццаг сӕ еу ниннеуидӕ (ӕвӕдзи, сӕ фӕлтӕрд- дӕр), уӕдта ин иннетӕ ба ӕмхузӕнӕй «ниффӕрсаг» кӕниуонцӕ. Се ’стонгӕн бустӕги ка нӕбал фӕразидӕ, уони ба сӕ уоди тас дӕр нӕбал бауорамидӕ. Сонтӕй гъӕуи исмедӕг уиуонцӕ ӕма гъӕунг- ти куйтау хаттӕнцӕ. Дӕ фудголӕн, фонси номӕн, зӕронд хӕрӕг дӕр раирдтонцӕ. Сӕумӕмӕ ма си айдагъ сӕфтгутӕ раизадайдӕ. Уогӕ, тӕрсгӕ дӕр ма кӕмӕй кодтайуонцӕ. Баргъон лӕгтӕй гъӕуи некебал байзадёй. Берӕгъти неунгъӕрмӕ игъосун мӕ бон нӕбал уидӕ ӕма мӕ хуссӕни арфдӕр ниннигъулинӕ...
Курӕнттӕ ба зилдӕнцӕ, инстонцӕ нин нӕ тиллӕг. Уӕдмӕ ба гъӕубӕл ӕнахур дессаг хабар райгъустӕй: кадӕр ӕхсӕвигӕнтти курӕнттӕмӕ бабуруй. Инсадӕн ӕ дзӕбӕх, ӕ дзугурвий равгӕнуй. Уингӕ дӕр ӕй цалдӕр хатти фӕккиндӕй: фудхуз, дӕргъӕлвӕс, губургомау лӕг. Ӕ рагъи къӕсса, уотемӕй.
Адӕн фӕггурусхӕ ӕнцӕ. Ейӕ гъунтузкъох Мамази ӕрмдзӕфи хузӕн ӕй. Ӕхгӕд, ӕхгӕд кӕмӕн некӕд адтӕй. Амай а дессагдӕр къуматӕ ӕнгулдзи кӕронӕй ка игон кодта. Галтӕбӕл косгӕй, е ’мбал гъӕддзаутӕн рӕхис, фӕрӕт ка некӕд уагъта. Кӕд, Арф- арӕхъӕй сау гъӕдӕмӕ ци тӕппод, бунмез лӕгти къуар раздахтӕй, тохуни тӕссӕй, уонӕбӕл бафтудӕй, ӕндӕра…
Куд адтӕй, ци адтӕй, фал изӕрмелтӕй фӕстӕмӕ ӕ инсуйнаг куройни некебал уагъта.
Уӕдмӕ инсуни кезу махмӕ ӕрхъӕрттӕй. Мӕ мадӕ куд кӕнидӕ, уотӕ мин рагацау лигъстӕ кӕнун райдӕдта, изӕри нӕ куройнӕмӕ уайун гъӕудзӕнӕй, зӕгъгӕ. Ӕз ба ин «нӕгъ», «нӕгъ» кодтон.
Ӕризӕр ӕй. Мӕйӕ цӕлхидзагӕй истулдӕй арвбӕл. Уорс мет -бӕл нийтудта ӕ зӕрин тунти изӕлу. Ӕхсӕвӕ — рохс, бони хузӕн. Раст киунуги кӕсӕ. Мӕ мадӕ мӕмӕ «гъӕйдӕ, цӕуӕн», «гъӕйдӕ цӕуӕн» кӕнуй. Ӕз ба ин нӕ сӕттун.
Уӕд мӕбӕл фӕббостӕ ’й. Ниддугъ-дугъ, ниттубуттитӕ кодта, уотемӕй фанар райста ӕма лӕдзӕгӕй тъуппитӕгӕнгӕ, дуарӕр -дӕмӕ фӕрраст ӕй. Зӕгъгӕ, цӕуон еунӕгӕй, берӕгътӕ дӕр мӕ бахуӕрӕнтӕ! Ӕз ин фӕттӕрегъӕд кодтон ӕма ймӕ дзорун: «Ба -рӕн, гъо, цӕун!»
Мӕ гъар дарӕс ракодтон ӕма рараст ан. Цудан ӕнвӕрстӕ. Ӕз фанари хуӕцӕнбӕл ниццӕггаг дӕн. Ирдгӕй ӕй аууонгӕнгӕ цуд- тӕн, цӕмӕй ма фӕххустайдӕ. Нӕ фӕндаг дзӕбӕх зиндтӕй. Фанар нин уотид нифси хуасӕн бӕзтӕй. Фалдзостӕй еу уотид ӕзгули
дӕр нӕ ахӕста гъос. Игъустӕй ӕрмӕстдӕр метбӕл нӕ къӕхти хӕрст- хӕрст.
Кӕд цийфӕнди мӕйрохс ӕхсӕвӕ адтӕй, уӕддӕр мин тӕссӕй, мӕ зӕрди гупп- гупп мӕ гъоси цӕгиндзитӕ рӕдувта. Бустӕги, ба — гъӕуӕй ку раевгъудан, уӕд. Итигъд будури, цалинмӕ куройнӕмӕ хъӕрттан, уӕдмӕ цинӕхузи нивтӕ гъазта цӕститӕбӕл. Цума мин мӕ раз берӕгъ ӕрбайахӕссидӕ, мӕ алливарс ӕрзелидӕ. Ӕ цъӕх цӕститӕ ниццӕхӕр кӕниуонцӕ. Игъустон ин ӕ фидмондаг, циргъ дӕндӕгути къӕнц-къӕнц. Уотӕ нингъӕл дӕн, нуртӕккӕ фӕстити мӕ рагъмӕ ӕрбасӕррӕт ласдзӕнӕй ӕма мӕ рапалауон кӕндзӕнӕй. Ӕппунвӕстаг фӕннифсгун кодтон мӕхе, ӕваст фӕстӕмӕ фӕззилдтӕн ӕма... неци. Мӕ медзӕрдӕ мӕхе мӕ тӕпподдзийнади туххӕй ӕфхуардтон... Гъӕуӕй куройни ӕхсӕн и дууӕсӕдӕ къах- дзӕфи ци даргъ адтӕнцӕ! Куройнӕмӕ хӕстӕгдӕргӕнгӕй, нифс- гундӕр кодтон. Мӕ зӕрдӕ ӕрдӕр уодӕнстӕй.
Еу инсӕй къахдзӕфи ма нӕ гъудӕй, уотӕ куройнӕн ӕ дуари уӕззау цӕлхъ фӕццудӕй. Ӕма си къӕхӕни асӕ лӕг нӕ рӕзти расуффут ласта. Ӕ рагъи зиндтӕй ӕргъом. Ци ’рцудӕй, уой нӕ ралӕдӕрдтан. Нӕ тарстӕй нецибалгъон адтан. Ӕрӕгиау ма мӕ мадӕ ӕ фӕсте рагъӕр кодта: «Тиллӕги арт дӕ басодзӕд!»
Лӕг лигъдӕй рауӕзӕ-бауӕзӕгӕнгӕй. Дзӕбӕх нӕмӕ зиндтӕй мӕйрохси. Гъо, рандӕй и къӕрнӕх. Нӕ нартихуари инсадӕй нин ӕ дзугурвий равгӕдта.
Ӕз ӕ фӕсте ӕдзинӕг кастӕн. Хуарз ин нигъгъуди кодтон ӕ гуриконд, рауӕзӕ-бауӕзӕгӕнгӕ куд лигъдӕй, уой. Биццеуи зӕр- дӕбӕл алцидӕр лӕууагӕ ’й...
Куройнӕй ӕздахтан зӕрдмӕгурӕй, нӕ къӕхтӕ къуӕргӕ. Нӕ минкъий дзӕкъӕлттӕ уӕззау хаст кодтан. Еу хъипп, еу ӕстуф ни неке хъурӕй исхаудтӕй.
Гъӕуи адӕнӕй некебал дузӕрдуг кодта, етӕ Мамази цъумур гъуддӕгтӕ ке ӕнцӕ, уобӕл. Фал лӕг ӕхе не ’вдиста. Къӕрнӕхӕн ба ӕ цонгбӕл ку не ’рхуӕцай, уӕд гурусхӕ кӕнун тӕрегъӕд гъуддаг ӕй.
Фӕстӕдӕр рагъӕр ӕй, зӕгъгӕ, Мамаз синхаг гъӕуи еу идӕдзӕ силгоймагбӕл ӕрцардӕй. Ниууагъта ӕ цӕттӕ бийнонтӕ, уоми дӕр ин цӕуӕт иссӕй. Фал ӕхе гъӕуи ба некӕд нецихузи гъуддаги ра-зиннидӕ. Ӕвӕдзи ӕ цӕсгон ӕхснад адтӕй. Уотемӕй ӕ кой феронх ӕй.
Рацудӕй ӕнзтӕ. Ӕз ӕфсади баслужбӕ кодтон, — ме ’хӕс ба- фистон. Исахур кодтон ӕма нӕхе гъӕумӕ косунмӕ ӕрӕздахтӕн.
Еу анз, зумӕги согбӕл батухстан. Бӕрӕг базудтон, зӕгъгӕ, Дур-Дури гъӕди «делянкӕ» бафтудтонцӕ. Хӕстӕг гъӕути цӕргутӕй сог ке гъудӕй, етӕ гъӕдӕмӕ исцӕуиуонцӕ. Уоми гъӕдгӕсмӕ ӕхца бафедӕ, ӕма дин дӕ соги уаргъ сӕхе трактортӕбӕл ӕрлас- дзӕнӕнцӕ.
Еу бон фестӕгӕй фӕццудтӕн гъӕдӕмӕ. Дзӕвгарӕ адӕн си исӕй- йафтон, сог ке гъудӕй, уӕхӕнттӕ. Мӕ гъуддаг ӕмбойни ке нӕ ра- рӕвдзӕ уодзӕнӕй, уой базудтон ӕма мӕ байвӕд фӕстӕмӕ раздах- тӕн. Адӕни тумугъӕй минкъий ку ӕруадтӕн, уӕд игъосун, кадӕр мӕмӕ фӕстегӕй дзоруй: «Барӕнӕ, ӕз дӕр ецирдӕмӕ цӕуӕг дӕн».
Ба ’й хизтон. Гъӕддугъ ӕфсардгӕнгӕ мӕ ӕрӕййафта ӕ кари лӕг: ӕвӕсмард, дӕргъӕлвӕс, губургомау.
Зонгӕ дӕр нӕ бацан, уотемӕй тауӕрӕхътӕ кӕнунбӕл фӕцан. Уогӕ, еудадзугдӕр е дзурдта, — ӕз ба ймӕ игъустон. Ести радзо- ридӕ, ӕхемӕ гӕсгӕ — ходӕг. Ӕма ӕхуӕдӕг ӕ дзубандитӕбӕл, ӕ бӕзгин хъури хӕтӕлӕй, цидӕр ӕнадӕ къӕл-къӕл никкӕнидӕ. Ходгӕ ба уотид ӕ билицортӕй кодта. Хатгай фенгаст уианӕ. Ӕ хъоппӕгъ, тогӕрхӕн цӕстити гагутӕ сӕ зеллӕгти кафӕги каф- тонцӕ. Дзурдта ӕма дзурдта, фал имӕ ӕз нӕбал игъустон. Цӕ- мӕндӕр гӕсгӕ мин ӕ уиндӕ нӕ фӕййадгин ӕй.
Рауадан гъӕди надбӕл дзӕвгарӕ. Еу ӕндзӕр, лигъз рауӕни мӕмӕ уотӕ ку фӕккӕнидӕ: «Гъӕйдӕ уай, хуарз лӕхъуан, мӕнӕ аци лигъзи догъи рауайӕн, цума ни ка раразӕй уодзӕнӕй».
Ӕма радогъ кодтан. И лӕг, ӕхе фӕггубур кӕнгӕй, ӕ даргъ къабӕзтӕ райвазта. Уайтӕккӕ ми райдард ӕй. Ниффат ӕй еуӕр- рӕстӕ размӕ. Ӕз ӕрлӕудтӕн. Дессагӕн кастӕн ӕ фӕсте. Е, ра-уӕзӕ бауӕзӕгӕнгӕй, ци догъ кодта!
Ӕваст мӕ зӕрдӕ куддӕр фӕкъкъӕпп кодта: «Барӕнӕуай, ба-рӕнӕ! Аци лӕг нин фӕстугъд нӕ куройнӕ ка ракъахта, уой уа- йунтӕ ку кӕнуй, уой гуривӕрд ин куййес! Мӕнӕ дессаг, дуккаг хатт еци сау хелагӕбӕл куд фембалдтӕн!»
Лӕг ми дзӕвгарӕ райдард ӕй, ӕрлӕудтӕй. Рацо, цӕуӕн, зӕгъгӕ, мӕмӕ дзоруй. Ӕз имӕ размӕ зустӕй рагъӕр кодтон: «Цо дӕ фӕндагбӕл, ӕз нӕма цӕун!»
Ӕ къох ракъуӕрдта ӕма раевгъудӕй...
ДОР
Дууӕ синхаги Бекир ӕма Кудзигой бийнонтӕ цӕргӕбонти ӕхцул, адгин цард фӕккодтонцӕ. «А мӕн», «а дӕу» сӕмӕ некӕд адтӕй. Се ’хсӕн каудуар уидӕ, е дӕр уотид, фӕтки туххӕй.
Сӕ хумзӕнхитӕ дӕр еу рауӕн адтӕнцӕ, ӕмвӕрстӕ. Уоми син арӕнеуӕг кодта агъазиау нӕртон финги хузӕн, ӕмдумбул лигъз дор. Ка ’й зонуй, кӕдиккон адтайдӕ. Уӕлзӕнхӕмӕ си ци зиндтӕй, ӕвӕдзи, авд уойбӕрци ба бунмӕ рандӕ ’й.
Зӕнхикустгӕнгӕй еци дорбӕл еумӕ рафингӕ кӕниуонцӕ. Ӕнӕ еу иннӕ адгин комидзаг некӕд никкодта. Кувтонцӕ зӕрдиуагӕй рӕсугъд уалдзӕг, гъӕздуг фӕззӕгбӕл. Уотемӕй,берӕ ӕнзти дӕр- гъи хъазар ӕнсувӕрти цард кодтонцӕ.
Нур сӕбӕл аци уалдзӕги ба ци ’рцудӕй? Хумӕ кӕнун афонӕ ’й, фал си нерӕнгӕ неке змӕлуй. И лӕгтӕ, сӕхуӕдтӕ ба, цума кезу- гай, уотӕ рацӕунцӕ дори размӕ ӕма ӕ цори сагъӕси лӕудт фӕк- кӕнунцӕ.
Еу сӕумӕ Бекир Кудзигой уоми раййафта.
— И дормӕ ци ӕдзинӕг кӕсис, фиццаг хатт ӕй фӕууидтай?
— Нӕ, Бекир, фиццаг хатт ӕй нӕ фӕууидтон, фал ӕй ӕ бунатӕй ӕндӕ кӕнунмӕ гъавун. Аци дори буни зӕнхихай мӕн ӕй!
— Неци рауайдзӕнӕй, Кудзиго, неци! Дӕу куд ӕй, мӕн дӕр уотӕ ’й!
Уотемӕй дууӕ лӕгемӕн сӕ сабур дзубанди урунггӕнгӕ цудӕй. Фӕстагмӕ, сӕ дуйнебӕл ке некӕд, уой, ниттарӕй тармӕ ӕнцӕ. Уӕдта фездахтӕнцӕ, ӕма дууердигӕй сӕ сунтӕ исбуцӕу кодтонцӕ дормӕ. Алкедӕр си ӕй гъавта инней хумзӕнхӕмӕ батолунмӕ. Фал кӕми?.. Арф уедӕгтӕ адтӕй дорӕн...
Сӕ ӕнаккаг миуи туххӕй сӕбӕл циргъдзаст цӕргӕстӕ арвӕй бунмӕ ӕскъот кодтонцӕ. Хор сӕбӕл худтӕй. Кӕмттӕ син, уай- дзӕфгӕнӕгау, сӕ фӕдесгъӕр фӕнзтонцӕ.
ӔХСӔВӔ БУДУЙРОН СТАНИ
(ӕцӕг хабар)
Ӕруалдзӕг ӕй. Заманай хорбӕнттӕ никкодта. Базмалдӕнцӕ нӕ колхози косӕг адӕн.Хусхё-Майхуи, рӕстӕгмӕгонд стани рӕвдзӕй ӕрлӕудтӕнцӕ ӕртӕ фордзон трактори. Косгутӕ сӕбӕл куд нӕ цийнӕ кодтайуонцӕ! И стан каубидӕй рацъапп кодтонцӕ. Ӕ сӕр ин ӕнгон, гъӕмпӕй ӕрӕмбарзтонцӕ, ӕ фӕрстӕ ин дувӕрццӕг ракодтонцӕ. Дууӕ, ӕртӕ лӕги кӕми бахсӕвеуат кӕна, уӕхӕн ха- тӕн си ӕма хуӕрӕндонӕ. Исон фиццаг ауӕдзӕ ракӕндзӕнӕнцӕ, уотӕ ‘й сӕ фӕндӕ.
Будуйрон куститӕ райдӕдтонцӕ Хумидайӕни кувдӕй. Фус равгарстонцӕ ӕма тракторон бригади иуӕнгтӕ, уӕдта разамунд бакъуар ӕнцӕ. Госгай арахъӕй бакувтонцӕ Хуцаумӕ, Ельяйӕй курдтонцӕ, ӕ хуӕрзӕнхӕ сӕ куд уа. Исонмӕ, куст райдайуни туххӕй ниффӕндӕгӕнгӕй, адӕн гъӕумӕ раевгъудӕнцӕ.
Стани ма байзадӕнцӕ Еристау ӕма Тотраз. Еристау ӕ тӕккӕ дзамани лӕг — бӕзӕрхуг, цуппӕрдегъон. Цӕхӕри хузӕн гъӕйтт, кустадзагъд. Тас ка нӕ лӕдӕрдтӕй, фӕллад ка нӕ зудта. Тотраз ба — хуӕрзӕвзонг лӕхъуӕн. Ауӕхӕн рауӕн некӕд фусун кодта. Фал Еристауи хӕццӕ цӕмӕй тӕрсуй. Е ӕхуӕдӕг ӕнӕгъӕнӕ ӕфсад ӕй.
Хор нигулӕнмӕ дзӕвгарӕ ракъолӕ’й. Бунатгӕстӕ рӕвдзӕ кодтонцӕ ӕхсӕвеуат кӕнунмӕ. Рафснайдтонцӕ медӕгӕй, уӕдта стани фалдзостӕ. Еристау фусдзарбӕл цӕнхӕ рарӕгӕдта ӕма’й къуӕцӕлтӕбӕл райтигъта. Ӕвгъау ӕй, зӕгъгӕ, заманай цар. Ис ӕй хъел кодта хуӕрӕндони фӕсдуар. Ӕвгӕрдӕни — тоги игъӕститё,
уӕдта хуӕруйнаги уӕлдӕйттӕ бунатӕй изолдӕр фӕххастонцӕ. Еристау уотӕ бакодта, зӕгъгӕ, изӕри нӕмӕ сау гъӕдӕй нӕ дӕндаггин, цъӕхцӕстӕ «лимӕнтӕ» ӕрзиннуниау ӕнцӕ, ӕма уонӕн дӕр сӕ хай цӕттӕ уӕд.
Уотӕ сӕбӕл, зелӕнтӕгӕнгӕй, ӕрбаталингӕ ‘й. Ци бонихуарз- мӕ ма ӕнгъӕл кастайуонцӕ. Фанар ӕрниллӕг кодтонцӕ ӕма сӕхе гъӕмпин листӕнбӕл ӕруагътонцӕ. Берӕ уозун сӕ нӕ багъудӕй, — рафунӕй ӕнцӕ.
Бонӕрдӕмӕ ба берӕгътӕ бунати рӕбунӕй се’ стонг хъурихӕ- тӕлтӕ ниййефтигътонцӕ ӕма зӕрдихалӕн ниудт никкодтонцӕ. Мӕнӕ, цума, ӕндеггӕй нӕ, фал меддуар адтӕнцӕ, сӕ уӕлгъос, уотӕ.
Еристау дзоруй Тотразмӕ:
— Ӕллӕх, нӕ дин загътон, нӕ «лимӕнтӕ» нӕ бӕрӕг кӕндзӕ- нӕнцӕ. Ӕма тӕрсгӕ ма фӕккӕнӕ: нӕ фӕрӕт — сӕрдасӕни хузӕн, сагойнӕ дӕр — тӕккӕ рацӕуӕни, фанар нӕмӕ.
Нур берӕгътӕ уотид неугӕ нӕбал кодтонцӕ, фал бунати алли -варс кинзелӕ кодтонцӕ. Ӕппунвӕстаг хуӕрӕндонӕ рдигӕй кауи къӕс-къӕс игъусун райдӕдта. Ӕвӕдзи, и фусдзари тӕф се ’смо- тӕнтӕбӕл уадӕй, ӕма, ести ӕнгъӕл, медӕмӕ томар кодтонцӕ. Архайдтонцӕ кауӕ сӕ дзӕмбутӕй ихалунбӕл, сӕ дӕндӕгутӕй ӕй, еци гъиггагӕй, ӕхсидтонцӕ.
Уони хъурдохӕнмӕ лӕгтӕ сӕ дарӕс ракодтонцӕ. Еристау лӕдӕрдтӕй: берӕгъти хӕццӕ син тохгӕ уодзӕнӕй ӕма нифс ӕвар-дта Тотразӕн, зӕгъгӕ, мацӕмӕй тӕрсӕ, ду мӕмӕ ӕрмӕстдӕр фанар дардзӕнӕ. Ӕндӕра сӕ мӕхе бӕрагӕ уадзӕ. Мӕйрохс — бони хузӕн, е дӕр нин агъаз уодзӕнӕй.
Уӕдмӕ и берӕгътӕй кӕцидӕр стани сӕрмӕ фӕууӕлбилӕ’й, гъӕмпӕ рӕдзӕхсӕн кӕнуй, гъӕйттӕй архайуй бунмӕ ӕрбурунмӕ. Ӕма мӕнӕ ӕрзиндтӕй, ӕ тъупп зӕнхӕбӕл фӕццудӕй. Еристау ӕй хизта сагойнӕ ӕргъувдӕй. Дзоруй Тотразмӕ:
— Атт, фанар радарӕ!
— Кӕми! Тотраз нӕ рандиудта, фанар нӕ ниррохс кодта. Фал, Хуцау хуарз, Еристау мӕйи рохсмӕ дзӕбӕх уидта и гиаури.
Лӕг каудуар фегон кодта ӕма ймӕ рансанста. И сирд хуӕрӕн- дони къуми, ӕвӕдзи, тӕссӕй дзодздзӕги ӕрбадӕгау кодта. Мӕй- рохсмӕ ӕрттивтонцӕ ӕ агъазиау цӕститӕ, лӕборунӕрвонгӕй ӕ хӕлеугъӕлӕсӕй уорс дӕндӕгутӕ дзӕбӕх зиндтӕнцӕ. Еристау фӕццурддӕр ӕй, — сагойнӕй ӕй е ‘цӕгӕй барӕхуста. Цуппарсугон ин ӕ хорхи хӕтӕлти ниссагъта ӕма ’й е ’ндон иуӕнгтӕй къуммӕ нилхъивта. Сирдӕн уайтагъд ӕ хӕр-хӕр исцудӕй, ӕ гӕндзӕхтӕ цагъта. Нӕ’й исуагъта еу дзӕвгӕрттӕ. Ӕма, дӕ фудгол уотӕ, ӕргъос ӕй.
Ӕндегӕй ба е’мбӕлтти дессаг хӕланст -хулунст цудӕй, медӕмӕ томар кодтонцӕ. Ка’й зонуй, фӕндадтӕй сӕ се ‘мбали баергъӕв кӕнун. Тас, ӕфсӕрмӕ нӕбал лӕдӕрдтӕнцӕ.
Еристау е’цӕгӕй истӕлтӕг ӕй. Каудуар фегон кодта ӕма сӕмӕ заманай фатхъӕдӕ бӕхъи хӕццӕ ӕхе ратардта. (Цал адтӕнцӕ — еу, дууӕ, ӕртӕ... фондз.) Ӕр сӕ тӕрӕнгатӕ кодта. Дзӕбӕх си ке ӕрӕргъӕвидӕ, е фӕттугул уидӕ, кенӕ ба ӕ къес-къос исцӕуидӕ. Уотемӕй сӕ хуарз «ӕрхинста». Фал ма ймӕ аллирдигӕй лӕбурд -титӕ кодтонцӕ. Лӕг ба нӕ састӕй. Ӕрӕги-дурӕги ба ймӕ Тотраз дӕр фанар радардта. Берӕгътӕ фӕттӕрсӕгау кодтонцӕ и рохсӕй, сӕ тохун ба уӕддӕр нӕ уагътонцӕ.
Ка’й зонуй, куд адтайдӕ, ци адтайдӕ! Фал уӕдмӕ искӕсӕн ба цъӕх-цъӕхид ӕй. Гъӕуӕрдигӕй дӕр исигъустӕй бричкити дӕгӕр- на. Е — гъӕддзаутӕ низгули ӕнцӕ. (Гъӕдӕмӕ над станмӕ хӕстӕ- гути цудӕй).
Лӕгтӕ ӕма бричкити дзӕфхъу хӕстӕгӕй хӕстӕгдӕр кодта. Берӕгътӕ сӕ бон низзудтонцӕ. Ӕма, фӕстӕмӕ фӕккӕсӕ-фӕккӕ -сӕгӕнгӕй, гъӕдӕрдӕмӕ расинк синк кодтонцӕ еу гъӕуаггинӕй.
ӔНАМОНД ТУГЪДОН
Ӕппунвӕстаг фӕцӕй тугъд.Тохвӕллад ӕфсӕддонтӕ сугъдарудтитӕй поезди ӕздахтӕнцӕ Иристонмӕ. Уӕзданӕй, ӕнӕ идзулдӕй дзубанди кодтонцӕ.
Даргъ-Къохи станци поезд дзебӕл кодта. Бӕлццӕнттӕ, ести искомидзаг кӕнӕн, зӕгъгӕ, сӕ хурдзинти къумтӕй хуӕруйнаги мортӕ ӕрцагътонцӕ.
Еу минкъий сӕмӕ ниуӕзтӕ дӕр разиндтӕй. Ӕма фӕсфингӕ сӕ дзубанди фетингдӕр ӕй. Аллихузи хабӕрттӕ, тауӕрӕхътӕ имистонцӕ.
Ӕрмӕст се ‘хсӕн еу адӕймаг ӕнахур дессаг адтӕй. Уӕдӕй- уӕдмӕ ӕ цъухӕй еу хъип, еу ӕстуф не ‘ссудӕй. Дзоргутӕмӕ ба лӕмбунӕг игъуста. Ӕнӕбаригомау ефстагмӕ баходӕзмолӕ кӕнидӕ. Фал уайтӕккӕ ӕ цӕсгон фӕммӕтъӕлхуз уидӕ.Цидӕр уӕззау ӕрхун, тар мегъау, ниббадтӕй ӕ фӕллад цӕстити. Игъуста и дзоргутӕмӕ, фал сӕ не ‘гъуста. Еппӕрд адтӕй къуарӕй.
Раст цума ӕндӕр планетӕй ӕртахтӕй.
Бакастӕй ӕгудзӕг нӕ, мӕрзӕздугъд зиндтӕй. Дӕрдгун хӕдони реубӕл ӕ хуӕрзеугутӕ ци дзӕбӕх федудтонцӕ! Курдонӕй куста тугъди агъонмӕ.
Хӕснӕбӕл, дан, ӕ къохтӕй цӕфхат ӕркъӕлостӕ кӕнидӕ...
Ӕхсӕвӕ ӕнафони поезд ӕрлӕудтӕй Ӕрӕдони станци. Бӕлц-цӕнттӕ раевгъудӕнцӕ аллирдӕмӕти. Дууӕ лӕги си рараст ӕнцӕ Киристонгъӕуи надбӕл. Ӕхсӕви милазон агъоди бацӕугӕй, неци- бал рауидтонцӕ. Фал таругбӕл цӕстӕ райахур ӕй ӕма сабургай нирраст ӕнцӕ сӕ зонгӕ надбӕл. Уалдзигон кӕрдӕгӕзмӕлди уолӕн сӕбӕл ӕрбацӕхъал кодта. Сӕ уолӕфӕнтӕбӕл исгъазта деденгути хуӕрздӕф.
Еу дзӕвгарӕ рӕстӕг цудӕнцӕ ӕнӕдзоргӕй, сӕ къахгъӕрмӕ игъосгӕ. Ка ‘й зонуй, фидикъӕсӕрбӕл ӕрӕнцойнӕгӕнгӕй, сӕ реути ци ӕнкъарӕнтӕ исӕвзурдӕй... Ӕрӕгиау исдзурдта сӕ еу, ести хабӕрттӕ кӕнӕн, е ба нӕ над фӕццубурдӕр уа, зӕгъгӕ.
— Ӕз Киристонгъӕуккаг, дӕн — Какоти Дзабег. Ӕртӕ ӕнсувӕремӕй фӕццудан тугъдмӕ. Еунӕг ӕз ма си ӕздӕхун. Мӕ дууӕ хестӕри фесавдӕнцӕ ӕнӕбӕрӕгӕй. Хуарз ӕма син уӕддӕр бий нонтӕ, цӕуӕт байзадӕнцӕ. Етӕ дин мӕ хабӕрттӕ.
Дӕубӕл ба дес кӕнун. Еунӕг ӕз нӕ, вагони нӕ хӕццӕ кадӕр адтӕй, етӕ дӕбӕл тӕрхӕнттӕ кодтонцӕ, зӕгъгӕ, гъо аци лӕг ци уавӕр ӕхгӕд кирӕ ‘й? Куд неци дзоруй?
Фӕймӕ игъуста е ‘мбал лӕмбунӕг, уӕдта, арф нийнӕфгӕй, райдӕдта:
— Зин дзорӕн мин ӕй, хъӕбӕр зин дзорӕн. Мӕ гъуди дзӕ- гъӕлтӕ кӕнуй.
Нӕ мӕ фӕндадтӕй мӕ мастӕй еске хайгин кӕнун. Фал ци кӕнон, ис мӕ дзорун кодтай. Ӕз Базугтӕй дӕн,мӕ нон — Умӕти, Бӕрзгини гъӕуӕй. Ес мин зӕронд мадӕ ӕма хуӕрӕ. Уӕдта, дӕ фарнӕ берӕ, нӕ бийнойнаги хӕццӕ нин Хуцау равардта ӕртӕ сувӕллони — дууӕ кизги ӕма биццеу.
Нурау нифссаст ӕма зӕрдмӕгур некӕд адтӕн. Курдбадзи косгӕй, мӕ тӕлтӕг зарӕн дзӕбокӕ фӕрсаг кӕнидӕ. Гъӕуи ерисӕй ци гъазти нӕ ракафтон! Неке мӕ мулдта, Дуге ӕма Гетӕй ӕндӕр. Мӕ тугъдон ӕмбӕлттӕн дӕр се’ уӕнгтӕ мӕн зармӕ рӕуӕг кодтонцӕ. Ӕхе ӕппӕлуй, зӕгъгӕ, мӕбӕл ма рагъуди кӕнӕ... Тугъд фӕцӕй. Нӕ цийнӕн кӕрӕнттӕ нӕбал адтӕй. Тугъд фӕцӕй! Фал...
Мӕйи размӕ ба ӕрвдзӕфау фӕддӕн. Цума мӕ Елиа ӕ фатӕй ӕргӕрах кодта. Цӕветтонгӕ, еу ӕхсӕвӕ фун рауидтон. Ӕнахур дессаг фун! Мӕ бабай тауӕрӕхъ «Цауӕйнон ӕма Уодесӕг» ӕ къӕх- тӕбӕл рауадӕй. Фӕццӕун цауӕни Болай надбӕл, Уртгъелий рагъмӕ рахизтӕн. Ӕваст пихсӕй рӕубес расӕррӕт кодта. Ӕхстбӕрцӕ мӕмӕ бӕргӕ адтӕй. Нецӕмӕ фӕййарӕхстӕн ӕма ми раервазтӕй. Ӕ фӕсте цӕун байдӕдтон. Уӕдмӕ ба — фӕдес, исӕ- фун, зӕгъгӕ, кедӕр тарст гъӕр райазӕлдӕй. Кӕсун — мӕ галеу фарс айнӕги тӕрхӕггондӕй лӕг ниййауиндзӕг ӕй. Ӕ бунмӕ — сӕ- рисӕфӕн хауӕн. Фӕццурд дӕн. Уай-сахат равзурстӕн айнӕги тӕр- хӕггондбӕл ӕма и лӕги исластон. Рахаун ӕй нӕбал бауагътон.
Дуйней арфитӕ мин фӕккодта. Нӕхе нӕ тасӕй ку ӕрлӕдӕрд- тан, уӕд имӕ дзорун: «Рӕфтад афонӕ ‘й ӕма, табуафси, рацо мӕ цӕнхӕ кӕрдзинмӕ» Нӕ размӕ еу кӕлдӕбӕл рафингӕ кодтон ӕма ӕрбадтан дууемӕй. Гъӕйдӕ, зӕгъун, нур кӕрӕдзей дӕр бафӕс- мӕрӕн. Мӕхе ин байамудтон. И лӕг ба загъта: «Мадта ӕз ба дӕн Уодесӕг. Нур дӕр аци ӕведзуг рауӕн хӕлӕфӕй дӕумӕ уадтӕн.Ӕ уод ин фелвасон ӕма ‘й фидбилизи рӕуонӕ фӕккӕнон. Фал мӕ- хуӕдӕг исӕвди къахбӕл ниллӕудтӕн. Ду ку нӕ адтайсӕ, уӕд ра- хаудтайнӕ айнӕгӕй бунмӕ ӕма ниббуройнӕ адтайнӕ. Ке мӕ фӕй- йервӕзун кодтай, уомӕ гӕсгӕ ма дин мӕйӕ цӕруни ӕнгъуд фӕу- уӕд». Уоййадӕбӕл Уодесӕг ӕрбайсавдӕй.
Ey дзӕвгарӕ нецибал ралӕдӕрдтӕн,сагъдау райзадтӕн. Загъ- тон, мӕнӕ дессаг,нуртӕккӕ мӕ марунмӕ ка гъавта, адӕни дзилагӕ ка ӕскъунуй, уой ӕз ба адзалӕй фӕййервӕзун кодтон, зӕгъгӕ. Уӕдта ма ин ӕ губун дӕр бафсастон...
Мӕ фурадӕргӕй ӕрбайгъал дӕн, мӕ хъуӕцӕ калдӕй. Нӕбал бафунӕй дӕн сӕумӕмӕ. И дуккаг ӕхсӕвӕ дӕр — уотӕ, ӕртиккаг ӕхсӕвӕ дӕр...Уӕдӕй ардӕмӕ карк ӕфтауӕнгъӕдӕбӕл ци ра- цъундӕ кӕнуй, уомӕй фулдӕр мин хуссӕгӕй хай нӕбал ес. Нурмӕ- дӕр фунтӕ куд нӕ уидтон, фал сӕ нӕ багъуди кӕнинӕ. Уӕдта сӕ нецӕмӕ дардтон...
Гъо, е фӕцӕй. Нур фӕстаг цалдӕр ӕхсӕви ба мӕ фуни нӕ хӕдзарӕмӕ бахӕстӕгутӕ ун. Ра зонунцӕ мин ме ‘рбацуд бийнонтӕ. Ра мӕмӕ кӕлунцӕ хӕдзарӕй. Ледзунцӕ мӕмӕ цийнӕгӕнгӕй. Мӕнӕ ‘нцӕ — хӕстӕги. Мӕнӕн ба мӕ думӕггӕгтӕбӕл кадӕр ниц- цӕггаг уй, мӕ къӕхтӕ бадон унцӕ. Не’хсӕн фестуй еци сауцъа -рӕ,циргъфий — Уодесӕг. Хӕкъурццӕй кӕугӕй, ӕрбайгъал ун.
Ци Хуцау мӕ ралгъиста, нӕ зонун. Зӕнхӕ мӕ ӕхемӕ ӕлвасуй. Мӕ нифс — саст, ме’ уонг — баст. Гъенур, мӕнӕ дӕ хӕццӕ цӕун, ӕма, цума, мӕ къӕхтӕбӕл тугулдортӕ баст ес, уотӕ. Мӕхе туххӕйти фӕлгъаун. Уогӕ ми ресгӕ неци кӕнуй, фал ци кӕнун, нӕ ‘й лӕдӕрун: Фудфунти азарӕй мӕ бауӕри цидӕр ӕнахур тас бацудӕй.
— Уӕ, Умӕти, мацибал мин дзорӕ. Мӕ зӕрдӕ ӕскъунуй дӕ хабӕрттӕмӕ игъосгӕй...
Уотӕ, дзоргӕ дзорун, сӕ над ӕрцубур ӕй. Зиннун райдӕдтонцӕ Киристонгъӕуи хӕдзӕртти дудзирохситӕ. Гъӕунгти цӕугӕй, дууӕ тугъдон лӕги сӕ сагъӕсти нигъулдӕнцӕ. Сӕ уӕззау къахгъӕрмӕ игъосгӕй, ӕстонг куйтӕ зийнадӕгӕнгӕ исрӕйиуонцӕ. Ӕмбесӕхсӕви адӕймаг ӕзмӕлӕг ба нӕбал ес...
Исхъӕрттӕнцӕ курӕнтти донмӕ. Дзабег дзоруй:
— Гъенур ами дууӕ синхи уӕлдӕр цӕрӕн. Ациафони дӕ не- кумӕбал рауадздзӕнӕн. Фусун дин уодзинан.
— Уӕ, Дзабег, ӕдеугур цалдӕр сахатти еумӕ ан. Ӕма мӕ зӕр- дӕмӕ хъӕбӕр ӕрбахӕстӕг дӕ. Фал мин ами ниллӕууӕн ба неци- хузи ес. Цӕмӕннӕ, уой хабар дин ракӕнон: нӕ гъӕуи медӕгӕ ӕхсӕз хӕдзари хецӕн синхӕй цӕрӕн, Беппати синх хуннуй. Мӕ мадирвадтӕлтӕ ӕнцӕ. Седзӕртӕ адтан нӕ мадӕн, етӕ нӕ исхас- тонцӕ. Нур ба еци фондз хӕдзаремӕй фондз лӕги тугъдӕй нӕбал исӕздахтӕнцӕ. Ӕма бонирохси ци цӕсгонӕй исцӕуон уони рӕзти! Уомӕ гӕсгӕ мин ниллӕууӕн нӕййес. Цӕугӕ мин ӕй!
— Гъо мадта дӕ уӕддӕр, Дур Дури донгонмӕ исефхӕссон...
Ӕма мӕнӕ ‘нцӕ донгони. Не ‘ртӕсунцӕ кӕрӕдземӕй дууӕ
тугъдон лӕги... Ниттухстӕй Дзабег:
— Нур куд цӕудзӕнӕ? Зинггӕнӕн дӕмӕ ку нӕййес, куйсорӕн къуӕцӕл дӕр дӕмӕ ку нӕййес. Мӕскъийаг ба берӕгъбадӕн ку адтӕй ӕ дуйнебӕл дӕр.
— Ай, Дзабег, аци надбӕл нӕ радзӕгъӕл уодзӕнӕн. Бабай хӕццӕ йбӕл Ӕрӕдонмӕ берӕ нартихуар фӕлластан.
Уой ма дин зӕгъон: ацибон, уодесӕг мин ци ӕнгъуд ракодта, уомӕн ӕ фӕстаг бон ӕй. Ӕма мин мӕ зӕрдӕ цидӕр исрӕхуайуй. Тӕрсгӕ ба нӕ кӕнун. Мӕ уод ма мӕ медӕги ‘й. Ӕной ба, цуппар анзей дӕргъи цал хатти кастӕн комкоммӕ адзали цӕститӕмӕ!
Еу дзӕвгарӕ нигъгъос ӕнцӕ дууӕ лӕги. Уӕдта зинтӕй рартӕс- тӕнцӕ кӕрӕдземӕй.
Дзабег раздахтӕй Киристонгъӕумӕ. Умӕти ба Мӕскъийаги надбӕл нирраст ӕй Бӕрзгини гъӕумӕ. Ранигъулдӕнцӕ ӕхсӕви тари, кӕрӕдзей къахгъӕр дӕр нӕбал игъустонцӕ...
Сӕумӕй Бӕрзгини дӕллаг синхи фиййау Самӕза ӕ фустӕ Мӕскъийагмӕ ӕрӕздахта. Уоми сӕ донгӕнттӕ хезидӕ. Ӕстонг фонс рапурх ӕнцӕ хезни, уӕлнадмӕ дӕр исервазтӕнцӕ. Фӕстиау- гомау сӕ фӕдбӕл цудӕй фиййау.
Уӕдмӕ кӕсуй — фустӕ цӕмӕйдӕр фӕттарстӕнцӕ ӕма ймӕ сӕхе фӕстӕмӕ гулфгӕнгӕ ӕрбайдзагътонцӕ. Ци уа,зӕгъгӕ, цурд- гомау бауадӕй еци рдӕмӕ. Ӕма, дӕ балгъетӕг уӕхӕн ӕнахъийнон уавӕрмӕ ку ӕркӕсидӕ!
Надмӕ хӕстӕг — хуми лӕги мард тогӕрхӕнттӕй. Сигити исӕв-дулдӕй. Уогӕ ма си ци байзадӕй, — е ‘стгутӕ. Цӕсгон бӕрӕг ибӕл — нӕбал. Ни ‘й ӕхсидтонцӕ сирдтӕ ӕхсӕвӕ бонмӕ. Бафӕсмӕрӕн ин нецихузибал адтӕй.
Ӕ фарсмӕ ба — дӕргъӕй-дӕргъӕмӕ берӕгъи мард. Ӕ цӕститӕ арвмӕ дзангъирӕй байзадӕнцӕ. Ӕвӕдзи ма, лӕгӕн, тохӕнти, и берӕгъбалӕй уой ниххорх кӕнун бантӕстӕй.
— Ӕ мӕнӕ бабӕй ци устур бӕлах, — зӕгъгӕ, Самӕза уӕларвмӕ нидздзиназта. Богъ-богъӕй кӕугӕ, расӕпп-сӕпп кодта фӕдеси, гъӕуӕрдӕмӕ, ӕ лӕдзӕгӕй ӕ сӕр хуайгӕ.
Гъӕубӕсти тарст ӕма зӕрдрист адӕн уайтӕккӕ Самӕзабӕл ӕрбамбурд ӕнцӕ. Фӕрсунцӕ ‘й, ци бабӕй нӕбӕл ӕрцудӕй, зӕгъгӕ.
И фӕдесон лӕг дзурдгъон дӕр нӕбал адтӕй. Адӕн, сӕ катаййи, бустӕги исхӕлхъой ӕнцӕ. Ӕрӕгиау хабар ниллӕдӕрдтӕнцӕ. Ӕма, еци сонтӕй ӕ фӕсте будурмӕ ниггур-гур кодтонцӕ. Ӕрхъӕрттӕнцӕ. Ӕрбатумугъ ӕнцӕ, ӕма де ‘знаг уӕхӕн фудмӕ ку ӕркӕсидӕ. Ни ухӕ- ха кодтонцӕ.
Гъуддаг ци базонуйнаг адтӕй. Тугъдон лӕг ӕздахтӕй ӕ гъӕу- мӕ. Ӕхсӕвдзо фӕккодта, тундзтӕй ӕ бийнонтӕмӕ. Фал ӕй ӕна- монддзийнадӕ раййафта. Даргъ нӕдтӕбӕл фӕццӕугӕй, ӕ хӕдза- рӕмӕ ма ‘й къахдзӕфтӕ куд гъудӕй, уотемӕй ибӕл тогдзух сирдтӕ исӕмбалдӕнцӕ.
Ӕллӕх, ӕллӕх, кӕбӕлти исхумӕ ӕй сӕ тохӕнуати и зӕлдӕ! Аци хатт ӕгӕр берӕ адтӕнцӕ и тогдзухтӕ, нӕбал син истухӕ кодта...
Адӕни хъурмӕн кӕрон нӕбал ес. Никки тухсунцӕ, зӕгъгӕ, гъо, гъӕуккаг ӕй, фал бӕлвурд ка уодзӕнӕй?
Фӕууидтонцӕ еуварси ӕ хурдзин, тоги исӕвдулдӕй. Баигон ӕй кодтонцӕ. Ӕма си ци: ӕртӕ сӕрбӕттӕни, уӕдта ӕртикъумон пъисмотӕ фехсудтитӕ, ӕнхъирттӕй. Уонӕмӕ гӕсгӕ ‘й базудтонцӕ, — Базугти Умӕти. Ах, ӕдта, ци лӕхъуӕн адтӕ! Дӕ пелиуан иуӕнгти тухӕ и фӕстагдӕр ӕзнӕгти фагӕ куд нӕбал иссӕй. Донау дӕ дӕ исустбӕл, ехау дӕ дӕ тӕнӕгбӕл феййафтонцӕ, ӕндӕра!..
Никкудтӕнцӕ, нимбухтонцӕ, никкидӕр ма се ‘цӕгӕй адӕн. Коми ниййазӕлдӕй кӕуӕг уоси гъарӕнгӕ:
— Уӕ, Бӕрзгини гъӕу! Гъӕууатӕй ку нӕ байзадтӕ! Ӕгуппӕг ку ниддӕ. Ӕдосӕ уи еу уод куд нӕ базмалдӕй фӕдесмӕ. Мӕрдвунӕй ку ниццайтӕ.
Сумах ба — Базугтӕ? Уӕхуӕдтӕ дӕр ӕнгӕни мӕрдтӕ ку ра- зиндтайтӕ. Ци зӕрдӕй ниссиндзӕрху кодтайтӕ уӕ дуӕрттӕ?
Уӕ, Кукиуон Нагъуӕ, дӕ еунӕг бундар дӕмӕ, ӕ тоги мӕцгӕй, фӕдесгъӕр кодтайдӕ. Куд нӕ ймӕ базгули дӕ? Ду ба, Зӕрӕда, дӕ хъазар ӕнсувӕри ергъӕв кӕнунмӕ уӕ дуӕрттӕ куд нӕ рарӕмугътай! Куд нӕ ймӕ ниллигъдтӕ, дӕ дзиккотӕ бӕндзуггай тонгӕ! Уӕд ду ба, Дофга, ци дор разиндтӕ! Дӕ уарзон ӕмбали ергъӕвгӕнӕг, сагойнӕ ӕргъувдӕй, куд нӕ ратахтӕ!
А-уӕууӕйтӕ, уӕууӕйтӕ!..
Дуккаг бон, Базугти тургъи лӕхъуӕнтӕ раргъувтонцӕ ӕнамонд тугъдони мард. Гъӕз-гъӕзгӕнгӕ хастонцӕ афтед ӕстгути ӕргъом. Уомӕй уӕззаудӕр кирӕ Бӕрзгини уӕлмӕрдтӕмӕ нӕма бацудӕй. Гъӕу, ӕд-цъелӕ, ӕд-мелӕ, сӕргубурӕй цудӕнцӕ кири фӕсте.
Уӕхӕн дессаг цау, уӕхӕн ӕверхъау хабар...
