ГАДАТИ ЛАЗАР
ИСКУРДИАДА
Дæ киндзæхсæвæри
Ци дин раттон боцдæр лæварæн дæ киндзæхсæвæри?
Уалдзигон изæртæ зуст Ирæфи билæбæл æма ме стур уарзондзийнади тæмæн? Куд дæмæ æнгъæл кæсинæ ‘ма мин дæ фæззинд ци устур рæвдуд дæттидæ мæ зæрдæн.
Де ‘рбацудмæ æнгъæл кæсгæй резинæ ‘ма сæццæ каст кæнинæ Ирæфи уолæнтæмæ. Алли уолæни æртивди дæр уидтон дæ хузæ. Уолæнтæ райдард уионцæ, ‘ма мæ зæрди катай сæ фæсте радогъ кæнидæ. Хатгæй æнæнгъæлти фæззиннисæ, ‘ма мин дæ фæлмæн къохæй бамбæлисæ мæ цæсгомбæл. Раистинæ дæ рази, цийнæй мæ реу байдзаг уидæ.
Охх, ци æнæбари хецæн кæнианæ кæрæдземæй!
Æви дин боц лæварæн раттон гъæугæрон ирд мæйрохс æхсæвтæ?
Куд æхцæуæн мин уидæ дæ къохи æвеппайди æмбæлд; нæ аууæнттæ цъæх зæлдæбæл æнвæрстæ.
Ма уарзæ æндари!
Ке зæрди иссердзæнæ уой бæрцæ рæвдуд, мæнау дин ка ковдзæнæй дæ фæууиндæмæ?
Æви дин боц лæварæн раттон нæ фæстаг фембæлд?
Дæ сæр æркъолæ кодтæй, дæ мудхуз цæстихаутæй фæууæгъдæнцæ устур цæстисугтæ ‘ма дæ реубæл райсавдæнцæ.
Неци загътай, ‘ма нæ лæдæрдтæн, цæй фæдбæл æй дæ цæстисуг, уой. Дæ гъенцъун дин нæ балæдæрдтæн.
Ду ба æнæнгъæлти райсавдтæ æхсави тари.
Нæбал дин фæууидтон дæ рæуæг уорс пъолци.
Нирресуй мæ зæрдæ дæу имистæй.
Абони дæ киндзæхсæвæри адæгон дæн æз.
Аууонæй кæсун гъазти цийнæмæ. Кæми дæ? Цæбæл гъуди кæнис? Дæуæн рæстæг нæййес мæн имисунмæ. Дæ нæуæг хæдзари уæздан лæууис боц хестарти рази, ‘ма дин дæ федæни цардбæл гагидæуттæ уадзунцæ.
Куд æууæндон цардбæл уой фæсте?
Куд æууæндон уарзондзийнадæбæл? Зæгъгæ дæ хестæртæн сайд уоди хабар, радзорæ син, фæливд ке дæ, уой. Зæгъгæ син, ма ‘фсæрми кæнæ.
Растодæй тæходуйаг фæдтæн æносмæ.
