ГАДАТИ ЛАЗАР
ИВУЛУЙ ДÆ ЗАР
«Дæ фидæ кафагæ адтæй, зарагæ, дæ фидæ уадзиндзæй цæгъдидæ…»
Ести мæбæл басосæг кæнтæ æ хуарздзинæдтæй, æ лæгигъæдтæй, мæ бон нæй уой бæрцæкадæ иссерун мæ уоди.
Дæ фæлгонц агорун мæ цæуæни уинди, сæ фезмæлди, сæ ракъахдзæфи, сæ ниххудти. «Карз адтæй дæ фидæ» мин ма дзоретæ. Куду он федар, æнæзустдзурд мæ цæуæтæн дæуау?
Архайун дæ дзурд фегъосунмæ. Ирæфи сæрти мæмæ хуæнхаг ирдгæ æрбахæссуй дæ уиндзи гъæр, дæ дзурд дин не ‘гъосун.
Нæ дæ зудтон, ‘ма дæ мæхецæн æргъуди кодтон.
«Дæ фидæ цæуæйнон адтæй». Ирæфуордæг тар æхсæргун гъæди уг дзиназуй, ке не здæхис, уобæл архун кæнуй. Дæ къахи фæлмæн æфсæрсти сор къуæцæл дæр басастайдæ.
Зæнхуарзон, хумгæнæг адтæ ди зæгъунцæ.
Алли уалдзæг дин дæ хумæбæл готон рауадзунцæ дæ цæуæт, уæддæр зæнхæ дæумæ æнгъæл кæсуй. Дæ фæстæг къахдзæф идард зæнхæбæл ракодтай.
Дзæнæгфестæд, дæ фæстаг тоги æртæх ци зæнхæмæ ниххаудтæй, е.
Игъосун дин дæ уадиндзи цъæхснаг гъæлæс, игъосун.
ФИДДÆЛТИ ЗÆНХÆ
Фиддæлти зæнхæбæл нæуæг фæлдæхт хуми баримахстон мæ уарзондзийнадæ. Нæ райхалдæй мæ деденæг. Йе ‘дзаг думст бæуæрæй нæ фæууæгъдæнцæ æ рæсугъд сифтæ арти æвзæгтау æма нæ базмалдæнцæ рагуалдзæги фæлмæн ирдгæмæ.
Нæ баниуазта сæумон æртæх мæ деденæг, нæ ниууолæфтæй зæрдибунæй хуæнхаг умлдæф.
О мæ деденæг!
Лæуун сæргубурæй кхуар анзей фæсте ауæдзи кæрони æнгъæлкæсæгау…
Нæййес мин æнæ дæу зæрдинцойнæ, д
Нæййес мин æнæ дæу зæ реуи римæхст æй мæ уарзондзийнадæ. Ду ме ‘нæкæрон сосæгдзийнадæ, фиддæлти зæнхæ! Ду æнæуодбарæ дæ мæ сагъæстæй, мæ сонти бонти катайæй, æма дин игъосун дæ тæлфунмæ.
ГЪÆУУАТ
Этюд
Æдзæрæг фæцæй хуæнхаг гъæу. Æ цæргутæ хуæздæр цард æнгъæл фæйнæ рауæнемæ фæлигъдæнцæ.
Гъæунгтæ æрхун кæнунцæ адæймаги къахдзæфбæл. Кæддæр цардæй идзаг ци хæдзæрттæ адтæнцæ, етæ нур сæ хурфи никкалдæнцæ, дорти æхсæнти пуруса ‘ма хъамил гулфæй ирæзунцæ, ‘ма сæ уиндæй зæрдæ нирресуй. Æскъæтти фагус ниссорæ ‘й, ‘ма фиццагау æ тæф идæрдтæбæл не ‘гъусуй.
Ци æртæ цæрæг хæдзари ма си байзадæй, уонæй дæр бонæ адæймаг зиннæг нæййес, æрмæст ефстагмæ райгъусуй фиййау куйти æнæбари рæйд. Изæрæй фонс ку æрæздæхунцæ хезунæй, уæд гъæу базмæлуй фустæ ‘ма уæриккити уасунæй, æстор фонси æзгулийæй. Уæдта æваст æрталингæ уй, калд хæдзæртти фæрстæ тæрегъæддаг аууон дарунцæ. Æхсави тарæй æрбайгъусуй уги гъæр.
Гъæуи тæккæ астæути уайуй хуæнхаг рæсог дони тæгæ.
Игъæлдзæг сæбæр-субур кæнуй уорс дорти æхсæнти. Æ уæлцъарæ ферттевуй сæумон хори тунтæмæ. Ефстаг фмндаггон æ рази æрлæууй ‘ма си йе ‘донуг ниссæттунмæ æ армидзаг раниуазуй. Æ уазалæй дæндæгутæ адгин рист никкæнунцæ.
