Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Гадати Лазар. Проза.

Гадати Лазар. Проза.

Гадати Лазар. Проза.

ГАДАТИ ЛАЗАР

ИСКУРДИАДÆ


Хорбадæни

Даджджи, дæ хорбадæнмæ фæлмæн хор кæсæд алкæддæр. Æртикъахуг къелайæй ку фестай, дæ рацуди дæ къахнадбæл ма рарæдуйæ.

Курмæ амалгин фæууй ‘ма дæ фæндаг урзацауæй ердзæнæ. Намæ ку батухсай фур æнæбонæй, дæ надамонæг хуæрззæрдæ адæймаг фæууæд. Куд фæразис æнæ мæн? Кæмæн римæхсис дæ кæрдзини къæбæр? Ке сæр рæвдауис дæ фæлмæн армæй ‘ма кæци саби бафунæй уй дæ гъæбеси мæн бæсти?

Æнзти цуди нидздзæгъæл дæн устур горæтти ‘ма дæмæ нæбал æздæхун. Дæубæл æрхунæй мæ сæригъун исорсæ ‘й, ду ба батар дæ бунтон. Ци загъдæуа æнæхатир цардæн. Мæ балц ниддæргъвæтин æй.

Раистæ, ра, Даджджи, æрдарæ дæ къох, æз дæ фмххондзæнæн дæ хорбадæнæй нæ сумпæг хæдзарæмæ. Æз дæ нæ бауадздзæнæн рæдуйун дæ къахнадбæл.

 

Фæндаги райдайæн

Рæстæгмæ ме ‘нгæс дардтон, ‘ма куддæр фæъгъар æй, уотæ райстон мæ хурджин ‘ма рараст дæн мæ балций, амондагор. Стъонай лигъзи ма мæ фмсте рацудæнцæ хеонтæ, хæстæгутæ. Æнкъардæй мин фæндараст загътонцæ, ‘ма рацудтæн. Наргъи донбæл ку бахизтæн, уæд ма фæстæмæ фæккастæн, фал некебал рауидтон; Хурдасти аууон фæцæнцæ. Æз ба рæуæгдæр мæ цуди кой кодтон. Уæдæй нурмæ ци къуми нæмæ адтæн Уæрæсей, уæхæн нæбал байзадæй. Фал, æппунфæстаг, сирд дæр ма ку бафæллайуй хæтунæй, ‘ма нур ба мæнæ мæ царди æмбеси æрбунатон дæн устур горæти. Æрхун кæнун, мæ уоди бæрцæ ке уарзтон, еци хуæнхтæбæл. Ескæд ма гъазтизæрмæ бакæсæ Стъонæй лигъзи, фал бонтæ цæунцæ, æз ба – царди цагъайраг, æноси – æневдæлон. Хатгай куствæлладæй гъудити ранигъулун. Даджджи зæгъидæ: «Амонд идарди агоргæ нæй, амонд фиддæлти зæнхи римæхст æй».

Мæ царди балций хуарздзийнадæй ци базудтон, ци хæзнатæ æрæмбурд кодтон, еугурæй дæр дæуæн нивонд æнцæ, фиддæлти зæнхæ. Адæгонбæл мæ ма нимайæ ‘ма мин лæвар райсæ хе хъæболи лæварау.

 

ворона с сыром.jpg

Уодхар

Мæ хоритауæнмæ сау халон, тæппæнлæнгæ фæууæ, хъæрццигъай амæттаг, хъеццаугæнгæ æ фудцъулуз къæдзæ къæхтæбæл æрбараст уй. Лæдзæгæй дæр æй не ‘ргъæвун; тæхгæ нæ кæнуй, багæпп кæнуй лæдзæги сæрти. Мæ мастбæл мин барæй цæнхæ кæнæгау мæмæ никкæсуй, æппундæр ми не ‘фсæрми кæнуй. Мæ уодæй уод кæнун мæ хоритауæн багъæуай кæнунбæл.

Сау халон, сау рун æй фæххæсса, нæмуггай мин фæууигъта мæ хуар. Барæй уотæ кæнуй, æндæра халон хоритауæнмæ цæугæ ка фæууидта? Ци гъæуай кæнон, уой дæр си нæбæл ес, ниггаффет æй мæ хоритауæн!

Тургъи астæу ма уæгъдæ гебена итигъдæ ‘й. Уæддæр лæуун гъæуайгæс. Фур мæстæй, ме ‘нæбонæй мæ цæстисуг калун.

Хор дæр ранигулдæй. Цæмæн ма ‘й мæ лæуд? Нæдæр хоритауæн нæбал ес, нæдæр хори гъар! Цъаммар сау халон мæ алливарс зелуй м фудцъулуз къæдзæ къæхтæбæл ‘ма мæ уодхарæй маруй.

 



Возврат к списку