Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Æбати Бидзеу. Æфхуæрд лæги зар.

Æбати Бидзеу. Æфхуæрд лæги зар.

Æбати Бидзеу. Æфхуæрд лæги зар.

Æбати Бидзеу

Æфхуæрд лæги зар.


Кæмæ бакъолæ кæнон мæ сæр
Æфхуæрд ледзæг лæг æз æма мæгур,
Бæргæ мæ фæндуй еу хатт ма уæддæр
Рохсцæстæй фæууинун мæ райгурæн будур.

Æз бийнонти æхсæн кæддæр
Цардтæн амонди хæццæ бæргæ.
Фал нур ба райевгъудæй бони фулдæр
Масти хæццæ мæнбæл кæугæ.

Мæ уод исцæй æрдойæй нарæгдæр,
Маст мин мæ хъаурæ басаста,
Идарди байзадæй мæ дарæг дæр
Ох! Растдзийнадæ дон фæлласта.

Бæрæгбæнтти адæмтæ цæунцæ
Цийнæ гæнгæй кæрæдземæ арфæмæ.
Мæн цæстисугтæ ба кæлунцæ
Ехæн, уазал æма ирдгæмæ.

Уæддæр адæми æз не `лгъетун,
Амонди хæццæ цæрæнтæ сæхецæн.
Мæ гъаст Хуцаумæ æз не `рветун
Фал ма кæнæ æфхуæрдæй дæхе хецæн.

О, Хуцау! Гъæздуг цард нæбал агорун,
Мæ кувдмæ дæ гъос Ду бадарæ;
Еунæг хуарздзийнадæ Дæуæй ку корун:
Дæ цæсгон æздæхт мæнæй Ду ма дарæ.

Еунæг Ду ку дæ æфхуæрд лæгæн
Агъаз æма уоди æнцойнæ,
Еугурæй дæр Дæ байагорæн
Ку нæбал банцайуй ести фæллойнæ.

25.06.1928. Лион.

На фото Абати Бидзеу со своим отцом Габули.


Возврат к списку