ХОДÆГ
Ме знæгти æхсæн мин
Лимæн ке нæййес,
Уобæл нæй мæ хъурмæ,
Уобæл нæй мæ дес.
Ме ’мбæлтти æхсæн дæр
Æзнæгтæ ке ес,
Уобæл нæй мæ хъурмæ,
Уобæл нæй мæ дес.
Ме ’мбæлтти æхсæн мин
Лимæн ке нæййес,
Уобæл æй мæ хъурмæ,
Уобæл æй мæ дес.
СУМАХ
Дзурдтон уæ сæрбæл.
Мæ сæтæ калдтон-еу æмбурдти,
Гъæла мастесæгау
Адтæн мæ лæбурди.
Фаудтон уин уе знæгти,
Худтон сæ хелæгтæ, урутæ,
Худтон сæ курмитæ,
Худтон сæ къурутæ.
Уе знæгти хъилма мин
Мæ хъур æхгæдта марги тæфау,
Уæ кой си еске искæнæд, –
Стъæлфтæн топпæй цæфау.
Æргом син худтæн сæ хинттæбæл,
Сæ цауд финститæбæл,
Согтæ нæ ирдтонцæ, –
Зилдæнцæ бухтæ-листитæбæл.
Ка нæма рацудæй мæ надбæл, –
Мæнæ син сау дæнцæ:
Сумах фæууагътонцæ уе знæгтæ, –
Мæнбæл никкалдæнцæ!
Фалæ нæ разиндтæй
Уе ’хсæн
Уæхæн лæг,
Мæ цæфтæ,
Мæ рист
Кæмæн адтæй гъулæг.
Фæдтæн мæ дзубанди.
Еске бафæрсдзæнæй, æвæдзи:
«Гæр, куд бахаудтæ
Де ’мбæлттæн
Се знæгти нимæдзи?»
Ма-гъа, ци зæгъон,
Фал сумах æз уой уæнгæ гъудтæн,
Цалинмæ гъæлати-мæлати
Уæ сæри кадæбæл тугъдтæн.
Ме стæг мин фæлмæн ку
’нгъалдтайтæ,
Уæд мæбæл тухстайтæ,
Уе ’мрæнгъæ ку ’рлæудтæн,
Уæддæр ниббухстайтæ.
Фал мин
Еунæг гъуддаг
Ниххатир кæнун нæй уæ бон:
Ескæд –
Ци фæууй, куд фæууй –
Уæ разæй ку фæууон!
ГЪЕЗÆМАРÆ
Гъезæмарæ, гъезæмарæ!
Ма ми рандæ уо бостæй!
Хори гъар тунау рагъарæ
Мæ саудзæфтæ, мæ ностæй.
Ниггупп ласæ арти ’взæгтæй, –
Ку æрбасау уа мæ зунд.
Ку фæттæрсон æз ме знæгтæй,
Уæд баййафæд мæн сæ фуд.
Ма мин басæттæд ме ’ууæнкæ,
Сугъзæрийни сайд тæмæн,
Уæлæ стур Хуцауи уæнгæ
Ме стур гæдзи сесæ мæн, –
Кумæ нæ хъæртуй мæнгæттæ,
Цауд уодгоймæгти хæлхъой.
Нæ хуæздæр лæгтæн ци фæдтæ,
Мæнæн дæр фæууо, гъе, уой.
Ниппурх мин кæнæ мæ зæрдæ
Де ’нæхатир рæвдудæй,
Фал байзайæ мæ фæсмæрдæ
Раст гъуддагбæл æфтудæй.
Гъезæмарæ, гъезæмарæ,
Ма ми рандæ уо бостæй!
Хори гъар тунау рагъарæ
Мæ саудзæфтæ, мæ ностæй.
ДЕНГИЗИ
Гъазтонцæ, гъазтонцæ
Денгизи уолæнтæ,
Къозоти гъазтонцæ хорæй.
Рæсугъд кизгуттау мин
Хъуритæ кодтонцæ,
Уæдта къæлкъæлгæнгæ
Еуварсмæ гæлстонцæ
Сæхе мæ цорæй.
Денгизи фæйлаугæ
Æма æдæуагæ
Тебедзи феронх дæн,
Феронх дæн мæхе.
Уогæй нæбал адтæн,
Адтæн нæбал уогæй,
Сугъдæг сугъзæрийнæй
Баййивдæй æрхи.
Мæ рист,
Мæ сагъæстæ,
Мæ нез,
Мæ гурусхæ,
Ме ’мдзогæнæг мегъæ –
Мæ мæти талингæ –
Мæнгæ разиндтæнцæ,
Се ’гас дæр – мæнгæ!
Денгизи сатæги,
Хори сугъзæрийнæ
Æма арви цъæхи
Десаг хæлæмули
Æгæр стур амондæй
Еци бон мæлгæ!
ФÆСТАГ ÆМДЗÆВГÆ
Æрмæст æм иунæг уый уыди –
Йæ бæх –
Йæ ардбахæрд, йæ кæлæн,
Йæ бæх –
Йæ мулк æмæ йæ дин,
Йæ бæх –
Йæ цард æмæ йæ мæлæн.
Нæ йын уыд аргъ,
Нæ йыл уыд саргъ,
Уыди æнæ цæфхад йæ сæфтæг.
Фæндаг –
Цыбыр у æви даргъ –
Æрмæст æй иунæг уый æндæвта.
Нывдæттæг:
«Фесты уæрст
Фыдæх,
Æхца,
Æнцон амонд,
Мæнг сомы…
Уæртæ ма бастæй баззад бæх
Мæ кæрты –
Иу дæр æй нæ комы…
Тæрсы йын йе ’рра тугæй зæхх,
Йæ рагъæй барджыты нынтъухы…»
О, уый цы бæх уыди, цы бæх!
Йæ разæй никæй уагъта дугъы.
Ныфс æмæ стъалыты æмбал –
Йæ идон скъуыдта…
Фæлæ йæ смидæг кодта скъæты
Йæ барæг –
Сайд æмдзæгъдæй хъал.
Хъысмæты стыр лæварæй не сси
Хъæздыгдæр,
Уарзондæр,
Хуыздæр.
Æз уыдтæн… уыцы,
Уыцы ’взæр!
Мæ бæхы ном та хуынд Поэзи.
МÆ ФЫДМÆ
Ныссабыр ысты ивгъуыды хъæбысы
Мæ сабидуг æмæ фæсхæсты зын…
Уæд уазæгæн дæр не ’рхастаид фысым
Ирон фынгмæ цæхдон æмæ кæрдзын.
Фæллад сæгуыт йæ цæф лæппыны сдæрдта,
Сæ сæрмæ уад тæхгæ-тæхын нындзыг.
Æхсæв куыдта зæронд куырдадзæй уыг,
Æмæ дзырдтой нæ урсрихи зæрæдтæ:
«Нæ бæлццæттæй ма чи раздæхдзæн? Кæд?
Цы кæуы уыг? Цæуыл вæййы йæ марой?
Лæджы йæ фынтæ удхарæй куы марой,
Йæ къæсæрмæ фыдбылыз лæууы уад…
Нынниудтой-иу æбуалгъ хабæрттæ телтыл,
Нымпылдтæ-иу æбуалгъ фыстæй гæххæтт…
Фæлæ фæныкхуыз, тугахуырст цинелты
Куы здæхтысты æнæдаст лæгтæ, уæд,
Уæлахизы сыгъзæрин дымгæ ногæй
Зылди, мæ фыд, дæ ингæны сæрмæ.
Æз та куыдтон нæ хæлд хæдзары стонгæй,
Æнкъардæй каст нæ мила куыдз мæнмæ…
Мæ мадæн уæд æнæкуыд зианыл хъарæг
Тыхурæд кæнын нал баци йæ бон, –
Фæцыд хъæргæнæг Иры хъæутæм барæг.
Æмæ мæ фыды стыр балцы кæрон
Цæф салдатау мæ уæхсчытыл æрæнцад.
Æмæ тызмæг уыд зæрæдтæн сæ дзырд:
«Хуымгæнæг ацыд, сау зæххы æрæнцад…
Дæ цард ын уæд æнæфехæлгæ цырт!..»
Нырриуыгъы æбæрæг азым зæрдæ –
Цы мысын æз? Цæуыл кæнын фæсмон?
Кæддæр сæгуыт йæ цæф лæппыны сдæрдта,
Кæддæр æз дæр мæ саст сæнттыл куыдтон…
Ныддæлгоммæ дæ ингæныл мæ катай,
Фæлæ дæумæ нæ фехъуысдзæн мæ хъæр.
Мæстæймарæгау уазал азæлд дардæй
Ныффæзмы мæн, стæй банцайы кæмдæр.
Уый азæлд нæу, цъæх арвгæроны фæстæ,
Æргъæу лæгæты, сау хохы рæбын,
Лæзæрынц рагæй, оххай-гъе, дæ фæстæ
Æнæ кæрæдзи фат æмæ æрдын.
Уый азæлд нæу! Кæд дард ивгъуыды чидæр
Дæ сæфтыл кувгæ рацæуы хæсты?
Фæлæ æнамонд аууæттæ цы сты?
Мæ фыд, мæ фыд! Сæрибар зæххыл фидар
Лæууын дæуæн цырты дуры бæсты.
