Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Дигори райони библиотекæ бацæттæ кодта цубур литературон равдист Гурджибети Блашкай юбилеймæ

Дигори райони библиотекæ бацæттæ кодта цубур литературон равдист Гурджибети Блашкай юбилеймæ

Дигори райони библиотекæ бацæттæ кодта цубур литературон равдист Гурджибети Блашкай юбилеймæ

Æзинæ исæнхæстæй 105 анзи Гурджибети Майрæнсауи фурт Блашкай райгурдбæл.

Гуржибеков_Власий_Иванович.jpg
Гурджибети Блашка адтæй фиццаг дигорон финсæг, дигорон литерæтури бундорæвæрæг. Дигорон æвзагбæл аййев литерæтурæн над йе фæффæд кодта.
Блашка райгурдæй 1868 анзи, 1-аг мартъий, Мусхъæуи – дигоргомæй раледзгутæ Мæздæги зилди Хæзнидони билæбæл ци гъæу æривардтонцæ, уоми. Блашкай фидæ адтæй афицер, æ рæстæгмæ гæсгæ ахургонд æма æгъдаугин лæг, рамардæй Блашкабæл авд анзи ку рацудæй, уæд.
Блашка фиццаг ахур кодта Павлодольски райдайæн скъолай, уой фасте ба Стъарополи гимназий.
1888 анзи Блашка бацудæй Хъизлари Гребенский полкмæ. 1893 анзи каст фæцæй хъазайхаг юнкерти скъола. Уæдæй фæстæмæ службæ кодта Сунжæ-Дзæуæгигъæуи фиццаг полки æфсæддон ахури сæргълæууæгæй.
Æ цард Блашкайæн адтæй цубур. 18 июни (зæронд нимадæй) 1905 анзи фæммардæй Япони тугъди Манчжури будурти. Æ мард ин кири Мусхъæумæ æрбаластонцæ æма уоми æрцудæй нигæд устур кади хæццæ.
Блашка кæд берæ нæ рацардæй, уæддæр ин бантæстæй йе'ртæ дигорон æвзагбæл финст кинугемæй æхецæн æносон циртдзæвæн ниууадзун. Уонæй «Дигорон уаджимистæ» рацудæнцæ 1902 анзи, 1903 анзи ба - кадæнгæ «Сахи рæсугъд» æма пьесæ «Ӕдули».
Устур номдзуд ахургонд Дзагурти Губади уотæ финста: «Боз ан Гурджибета Блашкаæй, дигорон æвзагбæл нæуæ ке бахумæ кодта, фиццаг ауæдзæ си ке рауагъта уомæй, æ æййев сеси фæрци дигорон æма ирон адæми йевгъуд цардæй йеу нивæ ке равдиста, силгоймаги бартæбæл ке дзурдта, уомæй. Ӕ бон ци адтæй æма æ талантмæ ци тухæ адтæй, уой бæрцæ бакуста, йе 'хæс йе 'мбæстаг адæми цори бафиста… Æма цалдæн хонхи дор тола, будури ба цалх зела, уæдмæ æ ном иронх нæ уодзæнæй».

Гурджибети Блашкай юбилеймæ Дигори райони библиоткæ 2-г астæуккаг скъолай ахурдзаути хæццæ (ахургæнæг Скъодтати Белла) бацæттæ кодтонцæ цубур литературон равдист.
Хузти библиотеки косæг Уазæгти Уарзетæ, ахургæнæг Скъодтати Белла æма ахурдзаутæ: Гаппоти Аринæ, Амилахуанти Аннæ, Чихтисти Дианæ æма иннетæ.
блашка юбилейдигора1jpg.jpgблюбдигора3.jpg
блюбдигора2jpg.jpgблюбдигора2.jpg
блюбдигора4jpg.jpg

Сабанти Фатима.

Возврат к списку