ÆНДЕУÆГ ‘МА ТÆППОД
Адтæ æндеунæн игурд, фал,
Дæ тæрсагæ уод – де ‘вдесæн,
Цæмæндæр равзурстай
Тæрхъоси цар дæхецæн.
Æнзтæ – евгъуди дæсгæйттæй…
Кæддæр дæ уагæ иссирдтай…
Тæпподæн загътай: «Ме ‘нæйнон!..»
Æндеуæгæн загътай: «Гъауай!».
19.02.2008.
ДÆГЪÆЛ
Рагæй æрæгæмæ
Цудтæн, цит, балци…
Рагæй æрæгæмæ
Агурдтон алци
Базонунмæ дæгъæл.
Раги?.. Æрæгиау?..
Исирдтон еу дзуапп…
Къума адтæй ехæй…
Хормæ ниттадæй…
Фалæ фæсдуар –
фарста,
Æндеун ба –
хуасæ.
Февр. 2008.
***
Фæсдуйне фæззилдтæ
Дæхеагор,
Нæ зудтай, – дæ арми ‘й
Дæ рахаст:
Дæ мади ‘взаг,
Дæ адæни фадуат,
‘Ма дæ фиди
Дуйнемæ ракаст.
Де ‘нæнифсхаст
Дæу сурдта æ разæй…
Рæстæг цудæй,
Æййивта дуйне…
Зонис æй, дæ
Фæрæзнæ – дæ арми:
Дæ мади ‘взаг,
Дæ фиди бæллец.
Февр. 2008.
ЕУДЗИЙНАДÆ – ДЕСÆ
Цæсгæнттæ. Хъисмæттæ.
Фæлгонцтæ. Сæ радæ –
Дæ цæстити размæ.
Рафæлгæсгæй –
Дес куд нæ кæнай?!
Цал царди ес еуи?
Цал цæсгони – еуи?
Цал хъисмæти –
еуей фадуати?
Цард цæуй, æййевгæ.
Цард хæссуй æййивцæ.
Еудзийнадæ – десæ…
Еу исунмæ бæллун…
Март 2008.
ÆСТЪÆЛФÆ-ФÆНДАГ
Ес фæндаг-рæствæндаг.
Æз дæн. 'Ма ду дæ.
Фæндаг – рæствæндаг, фал…
Æстъæлфæ-фæндаг…
Уогæ ба… нæ 'й е дæр.
Æз нæ дæн… Ду нæ дæ…
Уодæй уодмæ –
Тæлмæ…
Е дæр нæ 'й…
Кæцæй кумæ фæндаг,
Кæд æма
Итигъдадæ-рæстæг
Еу 'стъæлфи – æгæрон?
'Ма мæ барæн
Бæрзонд æвæлмон
Барлæвæрд?
'Нæбæрæг –
мæ фæндаг.
'Нæбæрæг – нæ рæстæг.
Æнæбæрæг –
Мæ бари исконд.
Кæцæй кумæ –
фæндаг?..
Кæдæй нурмæ –
исконд?..
01.07.09.
НИМÆДЗÆ…
Ес зæлтæ, 'ма ес муртæ,
Мæрдти – салин дзабуртæ,
Ес кæмттæ 'ма æврæгътæ,
Æфцæгтæ 'ма æндæртæ.
Ци ба нæййес а дуйнеййи,
Дун-Дуйнеййи медæгæ!..
Арæнти фæсте – бацеу…
Алцæй райдайæн – ноль… еу…
Фибоначийи рæнгъæ…
Идарддæр – дууæ… æртæ…
Фондз… 'ма аст… 'ма æртиндæс…
Куд æййевунцæ æнгæс!..
…Дууин еу… Æртин цуппар…
…Фæндзай фондз…
Дæс? Кенæ ба
Идарддæр – æстай фараст…
Асийнæбæл – фæндараст!..
Сæдæ 'ма цуппор цуппар…
Уогæ… хуарз… фалæ æндæр,
Æндæр, мæхе, нимæдзæ…
Æй куддæр кæдзæ-мæдзæ?
Æви æй бустæги раст?
Нимæдзæ – æнгон æлваст
Æгæрон рæнгъи: ноль-еу,
Сæ медæгæ ба – бацеу…
20.06.10.
ЕУНÆГ ДЗУРД
Неци адтæй фиццаг…
Ревæд 'ма æдзæллаг
Дун-Дуйне… Тар дуйне…
Æнæнгъæлæги – ‘васт,
Еунæг дзурдæй фæлдист,
'Сæнтæстæй хорискаст.
Еунæг дзурд –
Æнæсум, æнæмур,
Æрвон зари зæлау.
Еунæг дзурд, лæфийнау
Ходæзмолæ 'рбакаст, –
Цæстингасæй фæлдист…
Еунæг дзурд
Исфæлдиста дуйне –
Æндæр – хор-дуйне,
Ниввардта рохс бундор,
Бакайдта фудæбон,
Баинста зæронд бон.
Неци адтæй фиццаг…
Нæуæг Æрфæни Фæд
Февзурдæй еу дзурдæй…
Еунæг дзурд æй фæндаг…
Баитауæ муггаг…
Неци адтæй фиццаг…
Апрель 2009.
ХЪИСМÆТИ ФÆНДАГБÆЛ
Цудтæ фæндагбæл,
Куд зудтай.
Цудтæ фæндагбæл…
Нæййес аййеп
Цæуæги надбæл,
Нæййес аййеп…
Зинæй, æнцонæй,
Над хастай,
Зинæй, æнцонæй…
Фæлварæнтæй
Фæлтæрд æдзох,
Бæлццон фæндагбæл…
Æцæгагор
Куд уа бунат
Тæрхони уагæн?..
Еу уод куд уа
Тæрхон иннемæн?
Еу уод куд уа…
Евгъуди надбæл
Нæ ердæуй
Федæнæн равгæ.
Рæстæг хæссуй
Хъисмæти ййивд…
Рæстæг цæуй…
Февраль 2008.
ФУН
Фун уидтон… Тар гъæди астæу
Агурдтон фæндаг...
Зæрдæхсай, катай агайдтон,
Нæ ирдтон фадуат…
Уорс æфсоргъ, уæд, æвеппайди,
Базургин, сиахъ,
Мæн фелваста æ уæлбазур,
Равзурстæн уæларв.
Æз тахтæн, базурбæл бадгæ,
Æз кодтон, нидæн, мæ зар уæд.
Ирадæй мæ зæрдæ, кафта,
Ервæзт уодау, е, рæдауæй.
Фун – евгъуд, фалæ байзадæй
Дуар игон фунæн.
Зар цæуй, æма фæйлауй
Арви æ уолæн.
Аргъауи ‘ма асæги тунæ
Сеу æнцæ уæвди.
Тæмæссаг уæдæй фæстæмæ
Æрцардæй зæрди.
Æз тæхун, базурбæл бадгæ,
Æз кæнун гъæрæй мæ зар нур.
Ирайуй мæ зæрдæ, кафуй,
Ервæзт уодау, е, рæдауæй.
Октябрь 2008
БАЦЕУ
Фæууй кæддæр хъæдавæхуз,
Кæддæр – устур исрæмугъдау,
Кæддæр – стъалутæ кæлæгау,
Фалæ алкæддæр – лæфийнау.
Лæмирд кæддæр, æнæбæрæг,
Кенæ – цæугæдонау цæрдæг.
Еуæййеу-хатт фæууй æрдæг,
Фалæ алкæддæр – лæфийнау.
Арми лæуданæ дарæгау.
Базуг-базур 'сæвзæрунау.
Кæддæр – лæмзæ бавзарæгау,
Фалæ алкæддæр – лæфийнау.
Исрæмугъд, цилле, стъалутæ,
Лæмзæ, лæуданæ, базуртæ,
Никки – Сослани æндурæ,
Фалæ алкæддæр – лæфийнау.
Нæййес ин ном... Ци 'й исхонон?
А дуйнейæн ба æй цæхæр.
Заринæ ма йбæл берæ дæр…
Фал зарæг дæр фæууй кæддæр…
Август 2009.
КА ДÆ?
«Ка дæ?» - айдæнæмæ
Дæдтун мæ фарста.
«Ка дæ?» - æвæлмастæй
Æ дзуапп рагæлста.
«Ци 'й гоймаг?» - фæрсун дæ,
Дуйнесфæлдесæг.
«Ци 'й нæ цард?» - агорун
Царди 'нæбæрæг.
Цæмæн фæцæй дехгонд
А дуйне усми?
Цæмæн цард равзурстæй
Гоймаги бæрни?
Фарстатæ, фарстатæ,
Нæ син ес кæрон.
Уогæ, ци уæлдай си,
Мæ фæндаг дарон…
«Ка дæ?» - уæддæр бабæй
Бурсуй и фарста.
«Ка дæ?» - фарсти нисан
Никъолуй цæстæ…
Сентябрь 2009.
